Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 14:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Уый фӕстӕ ӕхсинӕгтӕй кӕнӕ бӕлӕттӕй — сыгъдӕггӕнинагӕн йӕ къухы цы бафтыд, уыдонӕй —

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 14:30
8 Iomraidhean Croise  

Кӕд сылгоймагӕн нывондӕн фыргуист ӕрхӕссын йӕ къух нӕ амона, уӕд райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — иууылсудзинаг нывондӕн, иннӕ та — тӕригъӕды нывондӕн. Сауджын ын йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн».


стӕй дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, йӕ къухы цы бафта, уый, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — иууылсудзинаг нывондӕн.


Сауджынӕн ма йӕ армы дзыхъхъы цы сой баззайа, уымӕй, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн йӕ сӕр дӕр байсӕрдӕд, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕнӕд.


сауджын иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн, хойраджы хуынимӕ иумӕ, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.


Кӕд йӕ къух нӕ амона нывондӕн фыс ӕрхӕссын, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбахӕссӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн.


Уыимӕ, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нывондӕн хъуамӕ ӕрхастаиккой «дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны».


Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan