Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 14:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Сауджынӕн ма йӕ армы дзыхъхъы цы сой баззайа, уымӕй, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн йӕ сӕр дӕр байсӕрдӕд, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕнӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 14:29
8 Iomraidhean Croise  

Сауджынӕн ма йӕ армы дзыхъхъы цы сой баззайа, уымӕй сыгъдӕггӕнинагӕн йӕ сӕр байсӕрдӕд, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн.


ӕмӕ йӕ хойраджы хуынимӕ нывондхӕссӕныл сӕвӕрӕд. Афтӕмӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уыцы адӕймаг уыдзӕни сыгъдӕг.


Йӕ армы дзыхъхъы ма цы сой уа, уымӕй ма, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз — фиддоны нывонды тугӕй кӕмыты ахуырст ӕрцыд, уым.


Уый фӕстӕ ӕхсинӕгтӕй кӕнӕ бӕлӕттӕй — сыгъдӕггӕнинагӕн йӕ къухы цы бафтыд, уыдонӕй —


Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.


Уый у, дон ӕмӕ тугимӕ Чи ӕрцыд, уыцы Йесо Чырысти. Ӕрцыд ӕрмӕст донимӕ нӕ, фӕлӕ дон ӕмӕ тугимӕ. Ӕмӕ Сыгъдӕг Уд ӕвдисӕн лӕууы Уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Уд у ӕцӕгад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan