20 ӕмӕ йӕ хойраджы хуынимӕ нывондхӕссӕныл сӕвӕрӕд. Афтӕмӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уыцы адӕймаг уыдзӕни сыгъдӕг.
Ӕстӕм бон ӕрбакӕнӕд дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты ӕмӕ иу ӕнӕсахъат далыс, хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссӕд сойамӕст ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаг хайы, стӕй оливӕйы сойы кӕхц.
Сыгъдӕггонд чи цӕуы, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕ хил иууылдӕр адасӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуын, ӕцӕг ма-иу авд боны дӕргъы баззайӕд йӕ цатыры ӕдде.
Ӕвдӕм бон та адасӕд йӕ сӕр, йӕ зачъетӕ ӕмӕ йе ’рфгуытӕ — йӕ хил иууылдӕр, ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхи цынайӕд, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн.
Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.