11 Ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уыцы сауджын сыгъдӕггӕнинаджы йӕ хуынтимӕ ӕрлӕууын кӕнӕд Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур.
Ӕстӕм бон ӕрбакӕнӕд дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты ӕмӕ иу ӕнӕсахъат далыс, хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссӕд сойамӕст ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаг хайы, стӕй оливӕйы сойы кӕхц.
Сауджын фыргуисттӕй иуы ракӕнӕд ӕмӕ йӕ оливӕйы сойы кӕхцимӕ фиддоны нывондӕн ӕрхӕссӕд, уый фӕстӕ сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд.
Ӕстӕм бон йе ссыгъдӕг кӕнынӕн уыдӕттӕ ӕрбахӕссӕд сауджынмӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, Дунедарӕджы размӕ.
Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕппӕт адӕмы ӕрӕмбырд кӕн».
Ссыгъдӕг сты левиттӕ ӕмӕ цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ. Аарон сӕ нывондау Дунедарӕджы размӕ бакодта, ссыгъдӕг сӕ кодта Аарон, ӕмӕ уыйадыл сыгъдӕг уыдысты.
Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у,