Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 14:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕстӕм бон ӕрбакӕнӕд дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты ӕмӕ иу ӕнӕсахъат далыс, хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссӕд сойамӕст ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаг хайы, стӕй оливӕйы сойы кӕхц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 14:10
26 Iomraidhean Croise  

Фыццаг уӕрыккимӕ-иу ӕрбахӕсс хуын — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, къухӕй лӕмӕрст оливӕйы соимӕ хӕццӕйӕ — гины цыппӕрӕймаг хай, стӕй гины цыппӕрӕймаг хай сӕн.


Искӕмӕн йӕ иууылсудзинаг нывонд лыстӕг фосӕй куы уа, фыс кӕнӕ сӕгъ, уӕд нывондӕн хъуамӕ ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр кӕнӕ ӕнӕсахъат цӕу.


Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.


Ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уыцы сауджын сыгъдӕггӕнинаджы йӕ хуынтимӕ ӕрлӕууын кӕнӕд Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур.


Сауджын фыргуисттӕй иуы ракӕнӕд ӕмӕ йӕ оливӕйы сойы кӕхцимӕ фиддоны нывондӕн ӕрхӕссӕд, уый фӕстӕ сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд.


Стӕй сойы кӕхцӕй йӕ галиу армы дзыхъхъы ӕркӕнӕд


Кӕд сыгъдӕггӕнинаг мӕгуыр у, ӕмӕ ахӕм хуын ӕрбахӕссын йӕ къух нӕ амоны, уӕд фиддоны нывондӕн ӕрбакӕнӕд иу фыргуист, цӕмӕй йӕ сауджын хӕрдмӕ сиса Дунедарӕджы раз ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕна. Хойраджы хуынӕн та райсӕд сойамӕст ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы дӕсӕймаг хай, оливӕйы сойы кӕхц,


Дунедарӕгӕн хойраджы хуын чи хӕсса, уый хъуамӕ райса мӕнӕуы ссад, ӕркӕна йыл оливӕйы сой, ӕрӕвӕра йыл буд


Дунедарӕгӕн ӕнхъизӕнджын хойраджы хуынтӕ ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр ӕнхъизӕнджын хойраг, нӕдӕр мыд Дунедарӕгӕн арты нывондӕн хӕссын ӕмбӕлы.


Дӕ алы хойраджы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа, ӕдзӕххӕй йӕ ма ныууадз, уымӕн ӕмӕ цӕхх нысан кӕны, дӕ Хуыцауы фидыд демӕ мыггагмӕ кӕй ис, уый. Дӕ алы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа.


Ноджы ма Дунедарӕгӕн арты нывондӕн, ӕхцон хӕрздӕфӕн, ӕрбахӕссут хойраджы хуын — сойамӕст ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад, ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы, стӕй гины цыппӕрӕм хай сӕн.


Уыцы адӕймаг йӕ тӕригъӕды тыххӕй фыс куы хӕсса нывондӕн, уӕд ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыс.


Ӕстӕм бон Моисей басидт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм.


Семӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ цыппӕрӕймаджы — алы уӕныгимӕ, дыууӕ дӕсӕймаджы — фыримӕ,


Хъуамӕ уыцы ранмӕ Дунедарӕгӕн сӕмбӕлын кӕна: иу ӕнӕсахъат фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн, иу ӕнӕсахъат далыс — тӕригъӕды нывондӕн, иу ӕнӕсахъат фыр — фидыды нывондӕн;


Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;


Йесо йын загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд — кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


«Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ нывонд ӕрхӕсс де ссыгъдӕджы тыххӕй, цӕмӕй йӕ иууылдӕр феной».


Йесо йын бафӕдзӕхста: «Макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи сауджынӕн фенын кӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг дӕ, уый тыххӕй, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нывонд ӕрхӕсс, кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы дзул, уӕларвӕй чи ӕрцӕуы ӕмӕ дунейӕн цард чи дӕтты, уый у».


Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул — уӕларвӕй ӕрцӕуӕг. Чи йӕ хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ. Ӕз уын цы дзул ратдзынӕн, уый у, дунейы царды сӕраппонд нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзынӕн, Мӕ уыцы Буар».


фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы — Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan