7 Фӕлӕ йӕ сауджын куы федта ӕмӕ йӕ сыгъдӕгыл куы банымадта, уый фӕстӕ йӕ буар тынгдӕр рафаста, зӕгъгӕ, уӕд та ногӕй йӕхи сауджынӕн фенын кӕнӕд.
Ӕнӕсымӕй, ӕгомыгӕй лӕууыдтӕн, суанг, хорз цы у, ууыл дӕр нӕ дзырдтон, ӕмӕ мӕ рыстыл бафтыди.
«Искӕмӕн йӕ буарыл тӕппӕлттӕ, цъутхӕлттӕ кӕнӕ урс стъӕлфытӕ куы фӕзына, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ йыл хъотыр фӕзынди. Уыцы адӕймаджы хъӕуы ӕрбакӕнын сауджын Ааронмӕ кӕнӕ йӕ байзӕддӕгтӕй, сауджынтӕй, искӕмӕ.
Ӕвдӕм бон ӕм сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд ӕфхӕлд буарыл ахӕлиу ис, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.
Ӕвдӕм бон та сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕфхӕлдмӕ. Кӕд фӕфӕлурсдӕр ис ӕмӕ буарыл нӕ ахӕлиу ис, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл: йӕ буар ӕнӕуи рафаста. Йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг.
Сауджын, йӕ буар тынгдӕр кӕй рафаста, уый куы фена, уӕд ӕй адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.
Ӕвдӕм бон сауджын ногӕй ӕрбацӕуӕд ӕмӕ та йӕм ӕркӕсӕд. Хӕдзары къултыл хъуына схӕцыди, зӕгъгӕ,