Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 13:57 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

57 Фӕлӕ та тӕпп ногӕй дарӕсыл, хъуымацыл кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайыл куы фӕзына, уӕд хӕлиу кӕны, ӕмӕ хъуынахӕрд дзаума арты сыгъд ӕрцӕуӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 13:57
10 Iomraidhean Croise  

Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты, ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой: «Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн? Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын кӕй бон бауыдзӕн?»


Сауджын куы фена, дзаума ныхсыны фӕстӕ уыцы тӕпп фӕфӕлурсдӕр ис, уый, уӕд-иу ӕрмӕстдӕр хъуынахӕрд бынат ратонӕд — дарӕсӕй уа, хъуымацӕй ӕви сӕракӕй.


Дарӕс, хъуымац кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайӕн йӕ ныхсыны фӕстӕ йӕ тӕпп куы фесӕфа, уӕд уыцы дзаума дыккаг хатт ныхсын хъӕудзӕн, ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг».


Паддзах смӕсты, йе ’фсад арвыста, уыцы лӕгмарты ныццагъта ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта.


Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.


Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».


Хъотырӕй рынчын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд сауджын левиттӕ цы зӕгъой, уый-иу бӕстон сӕххӕст кӕн, Ӕз сын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ кӕн.


Чъизи цы уа, ахӕмӕй йӕм ницы бацӕудзӕн, ӕлгъаг ӕмӕ фӕливӕн митӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕр ӕм фӕндаг никӕмӕн уыдзӕн, фӕлӕ йӕм бацӕудзысты, Уӕрыкмӕ царды чиныджы фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон.


Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan