56 Сауджын куы фена, дзаума ныхсыны фӕстӕ уыцы тӕпп фӕфӕлурсдӕр ис, уый, уӕд-иу ӕрмӕстдӕр хъуынахӕрд бынат ратонӕд — дарӕсӕй уа, хъуымацӕй ӕви сӕракӕй.
Дзаума ныхсыны фӕстӕ сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, тӕпп йӕ хуыз куынӕ аива, уӕд уыцы дзаума ӕнӕсыгъдӕг у, кӕд тӕпп дзаумайыл нӕ ахӕлиу ис, уӕддӕр. Ахӕм дзаума арты сыгъд ӕрцӕуӕд. Мидӕджырдыгӕй ӕви ӕддӕрдыгӕй уа хъуынахӕрд — дзаума сӕфт у.
Фӕлӕ та тӕпп ногӕй дарӕсыл, хъуымацыл кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайыл куы фӕзына, уӕд хӕлиу кӕны, ӕмӕ хъуынахӕрд дзаума арты сыгъд ӕрцӕуӕд.