Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 13:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40-41 Искӕмӕн йӕ къӕбутыл кӕнӕ ныхы сӕрмӕ йӕ сӕрыхил куы бавзийа, уӕд уый цӕгӕрсӕр у. Ахӕм адӕймаг сыгъдӕг у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 13:40
10 Iomraidhean Croise  

Йерихонӕй Елисей араст ис Вефилмӕ. Сахармӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕмӕй уырдыгӕй рацыди сабиты къорд ӕмӕ йыл худтысты, фидистӕ йын кодтой: «Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр! Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр!»


Йӕ сӕр — сыгъдӕг сыгъзӕрин, йӕ сӕрыхъуынтӕ — къӕбӕлдзыг, сынты базыртау сау.


Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.


уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд стъӕлфытӕ фӕлурс сты, уӕд буар ӕнӕуи рафаста, ахӕм рынчын сыгъдӕг у.


Уӕ бӕрӕгбӕттӕ уын фестын кӕндзынӕн хъарӕг, уӕ зарджытӕ — кӕуын. Иууылдӕр уӕ уӕлӕ скӕндзыстут сӕхъис, адасдзыстут уӕ сӕртӕ. Адӕймаг йӕ иунӕг фырты мардыл куыд фӕкӕуы, уыйау дзыназдзыстут, алы бон дӕр — масты бон.


Уӕдӕ уӕ мӕлӕтон буарӕн тӕригъӕд ма уӕд паддзах, цӕмӕй чъизи монцты коммӕ ма кӕсат.


Хуымӕтӕг ӕвзагӕй уын ӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ уын, чи зоны, уыдӕттӕ бамбарын зын уа. Уӕ буӕрттӕ кӕддӕр ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕн цагъартӕ куыд скодтат, цӕмӕй ӕвзӕр митӕ кӕнат, афтӕ сӕ ныр та рӕстадӕн скӕнут цагъартӕ, цӕмӕй сыгъдӕгӕй цӕрат.


Фӕлӕ кӕд Чырысти уӕ зӕрдӕйы ис, уӕд уын мон дӕтты цард, Хуыцауимӕ фидыд кӕй стут, уый фӕрцы, кӕд уӕ буар тӕригъӕды аххосӕй мӕлӕтӕн лӕвӕрд у, уӕддӕр.


Куыд зонут, афтӕмӕй уын фыццаг хатт Фарны Уац куы хъусын кодтон, уӕд рынчын уыдтӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan