Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 13:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Кӕд стъӕлф урс у, буары нӕ ныххызти ӕмӕ хъуынтӕ дӕр не сурс сты, уӕд сауджын рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 13:4
14 Iomraidhean Croise  

Афтӕ сӕ азымы тыххӕй ӕфхӕрд ӕрцӕудзысты левиттӕ дӕр, Израил йӕ фӕндагӕй куы адзӕгъӕл, уӕд Мӕ чи ныууагъта ӕмӕ гуымирытӕм кувын чи райдыдта, уыдон.


уӕд уый нысан кӕны, хъотыр йӕ буары арф кӕй ахызти. Сауджын рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл. Адӕмӕй йӕ ма фӕхицӕн кӕнӕд, уымӕн ӕмӕ сбӕлвырд ис: ӕнӕсыгъдӕг у.


уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд, ӕмӕ, кӕд, стъӕлфыл цы хъуынтӕ ис, уыдон сурс сты, стъӕлф йӕхӕдӕг та буары арф ныххызти, уӕд уый хъотыр у, сыгъды бынаты фӕзынди. Сауджын рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.


Фӕлӕ сауджын, хъуынтӕ урс не сты, стъӕлф дӕр буары арф нӕ ныххызти ӕмӕ фӕфӕлурсдӕр ис, уый куы фена, уӕд рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.


Сауджын ын йӕ буары ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд, ӕмӕ, кӕд ӕфхӕлдыл цы хъуынтӕ ис, уыдон сурс сты, ӕфхӕлд йӕхӕдӕг та буары арф ныххызти, уӕд уый хъотыр у. Сауджын уый куы фена, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл.


Сауджын гӕбӕрмӕ куы ӕркӕса ӕмӕ, буары арф нӕ ахызти, фӕлӕ хъуынтӕ сау нал сты, уый куы фена, уӕд ӕй авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.


Ӕвдӕм бон сауджын ӕфхӕлдмӕ ногӕй ӕркӕсӕд. Кӕд йӕ хуыз нӕ аивта ӕмӕ буарыл нӕ ахӕлиу ис, уӕд ма йӕ ноджыдӕр авд бонмӕ фӕхицӕн кӕнӕд.


Сауджын ӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ бафӕдзӕхсӕд, цӕмӕй йӕм авд боны дӕргъы мачи бавнала.


уӕд уырдыгӕй рацӕуӕд ӕмӕ хӕдзары дуар авд боны ӕмгъуыдмӕ сӕхгӕнын кӕнӕд.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Йӕ фыд ын йӕ цӕсгомыл куы бату кӕнид, уӕд авд боны дӕргъы фыр ӕфсӕрмӕй йӕхи не ’мбӕхсид? Авд боны дӕргъы рӕсӕнуаты ӕдде фӕуӕд ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ӕрбацӕуӕд».


Ӕмӕ рӕсӕнуаты ӕдде фӕкодтой Мариамы авд боны ӕмгъуыдмӕ. Йе ’рбаздӕхынмӕ израилӕгтӕ сӕ фӕндагыл нӕ ацыдысты.


Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.


уӕд хъуамӕ хъуыддаг сбӕрӕг кӕнай, лыстӕг ӕрфӕрсай ӕмӕ алцыдӕр бӕлвырд базонай. Кӕд ӕцӕг разына, ӕмӕ, уе ’хсӕн ахӕм ӕлгъаг ми ӕрцыд, уый сбӕрӕг кӕнай,


Иуӕй-иутӕн сӕ тӕригъӕдтӕ тӕрхоны агъоммӕ дӕр бӕлвырд сты, иннӕтӕн та фӕстӕдӕр раргом вӕййынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan