35 Фӕлӕ, сыгъдӕгыл нымад куы ӕрцыд, уый фӕстӕ ма гӕбӕр йӕ буарыл ахӕлиу ис, зӕгъгӕ,
Ӕвдӕм бон ӕм сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд ӕфхӕлд буарыл ахӕлиу ис, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.
уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд хъӕдгом буары арф ахызти, йӕ хъуынтӕ та сбур сты ӕмӕ ныттӕнӕг сты, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: уый гӕбӕрниз у, хъотыр ис йӕ сӕры царм кӕнӕ йӕ роцъойыл.
Ӕвдӕм бон та сауджын гӕбӕрмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд буарыл нӕ ахӕлиу ис, буары дӕр арф нӕ ныххызти, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг.
уӕд ӕм сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕмӕ, буарыл ахӕлиу ис, уый куы фена, уӕд ыл бур хъуынтӕ мауал агурӕд, уымӕн ӕмӕ сбӕлвырд ис: ӕнӕсыгъдӕг у.
Фӕлӕ йӕ сауджын куы федта ӕмӕ йӕ сыгъдӕгыл куы банымадта, уый фӕстӕ йӕ буар тынгдӕр рафаста, зӕгъгӕ, уӕд та ногӕй йӕхи сауджынӕн фенын кӕнӕд.
Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты.