31 Сауджын гӕбӕрмӕ куы ӕркӕса ӕмӕ, буары арф нӕ ахызти, фӕлӕ хъуынтӕ сау нал сты, уый куы фена, уӕд ӕй авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.
уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд хъӕдгом буары арф ахызти, йӕ хъуынтӕ та сбур сты ӕмӕ ныттӕнӕг сты, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: уый гӕбӕрниз у, хъотыр ис йӕ сӕры царм кӕнӕ йӕ роцъойыл.
Ӕвдӕм бон сауджын ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, гӕбӕр куынӕ ахӕлиу уа, бур хъуынтӕ дӕр ыл куынӕ фӕзына ӕмӕ буары дӕр куынӕ ныххиза,
Кӕд стъӕлф урс у, буары нӕ ныххызти ӕмӕ хъуынтӕ дӕр не сурс сты, уӕд сауджын рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.