Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 13:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Ӕвдӕм бон ӕм сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд ӕфхӕлд буарыл ахӕлиу ис, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 13:27
6 Iomraidhean Croise  

«Искӕмӕн йӕ буарыл тӕппӕлттӕ, цъутхӕлттӕ кӕнӕ урс стъӕлфытӕ куы фӕзына, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ йыл хъотыр фӕзынди. Уыцы адӕймаджы хъӕуы ӕрбакӕнын сауджын Ааронмӕ кӕнӕ йӕ байзӕддӕгтӕй, сауджынтӕй, искӕмӕ.


Фӕлӕ сауджын, хъуынтӕ урс не сты, стъӕлф дӕр буары арф нӕ ныххызти ӕмӕ фӕфӕлурсдӕр ис, уый куы фена, уӕд рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд.


Кӕд стъӕлф йӕ бынаты баззади, буарыл нӕ ахӕлиу ӕмӕ фӕфӕлурсдӕр ис, уӕд уый сыгъды рӕсыд уыд. Сауджын уыцы адӕймаджы банымайӕд сыгъдӕгыл, уымӕн ӕмӕ йын уый ӕрмӕст сыгъды нос у.


Фӕлӕ, сыгъдӕгыл нымад куы ӕрцыд, уый фӕстӕ ма гӕбӕр йӕ буарыл ахӕлиу ис, зӕгъгӕ,


Фӕлӕ йӕ сауджын куы федта ӕмӕ йӕ сыгъдӕгыл куы банымадта, уый фӕстӕ йӕ буар тынгдӕр рафаста, зӕгъгӕ, уӕд та ногӕй йӕхи сауджынӕн фенын кӕнӕд.


Ӕвдӕм бон сауджын ногӕй ӕрбацӕуӕд ӕмӕ та йӕм ӕркӕсӕд. Хӕдзары къултыл хъуына схӕцыди, зӕгъгӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan