16 Уыцы хъӕдгом куы байгас уа ӕмӕ ногӕй куы сурс уа, уӕд-иу рынчын сауджынмӕ ӕрбацӕуӕд.
Сауджын ын йӕ гом хъӕдгом куы фена, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл. Гом хъӕдгом ӕнӕсыгъдӕг у — хъотыры нысан.
Сауджын ӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ, йӕ хъӕдгом сурс ис, зӕгъгӕ, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Уыцы адӕймаг сыгъдӕг у.
Сахартӕй иуы Йесо фембӕлд, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъотырӕй кӕмӕн нал зынди, ахӕм лӕгыл. Уый Йесойы куы федта, уӕд Йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта: «Бардарӕг, Дӕу куы бафӕнда, уӕд мӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕ».