Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 12:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Лӕппу кӕнӕ чызджы райгуырды фӕстӕ йе ссыгъдӕджы бонтӕ куы ахицӕн уой, уӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ, ӕрбакӕнӕд фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн. Ноджы ма ӕрбахӕссӕд бӕдул бӕлон кӕнӕ ӕхсинӕг — тӕригъӕды нывондӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 12:6
15 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг ын загъта: «Ӕрбакӕн Мын ӕртӕаздзыд хъуг, ӕртӕаздзыд сӕгъ ӕмӕ ӕртӕаздзыд фыр, стӕй ӕрбахӕсс ӕхсинӕг ӕмӕ бӕдул бӕлон».


«Сылгоймаг лӕппу куы ныййара, уӕд авд боны дӕргъы уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылмӕйон низӕй куы фӕтыхсы, уӕд куыд фӕчъизи вӕййы, афтӕ.


Ӕвгъӕды бадӕг сылгоймаг чызг куы ныййара, уӕд дыууӕ къуырийы дӕргъы уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылмӕйон низӕй куы фӕтыхсы, уӕд куыд вӕййы, афтӕ. Уый фӕстӕ ма ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдз боны йӕ тугӕй не ссыгъдӕг уыдзӕн.


Сауджын Дунедарӕджы раз уыцы нывӕндтӕ ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ сылгоймаг ссыгъдӕг уыдзӕн, цы туг дзы рацыди, уымӕй. Ахӕм у, лӕппу кӕнӕ чызг чи ныййардта, уыцы сылгоймаджы тыххӕй ӕгъдау.


стӕй дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, йӕ къухы цы бафта, уый, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — иууылсудзинаг нывондӕн.


Ӕстӕм бон райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ-иу ӕрбацӕуӕд Дунедарӕджы размӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ-иу сӕ раттӕд.


Ӕстӕм бон-иу райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ сӕ ӕрбахӕссӕд сауджынмӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ.


Ӕстӕм бон та дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны хъуамӕ ратта сауджынмӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕрыл.


Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ссыгъдӕг кӕныны фӕтк ахицӕн кӕныны афон куы ӕрцыди, уӕд Йесойы ахастой Йерусалиммӕ, Хуыцауы размӕ,


Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan