4 Сылгоймаг ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз бонмӕ йӕ тугӕй не ссыгъдӕг уыдзӕн, ӕмӕ уӕдмӕ, уаз цы у, ахӕмӕй мацӕмӕ бавналӕд, Уаз Цӕрӕны цурмӕ дӕр ма бацӕуӕд.
Ӕстӕм бон-иу лӕппу сунӕтгонд ӕрцӕуӕд.
Ӕвгъӕды бадӕг сылгоймаг чызг куы ныййара, уӕд дыууӕ къуырийы дӕргъы уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылмӕйон низӕй куы фӕтыхсы, уӕд куыд вӕййы, афтӕ. Уый фӕстӕ ма ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдз боны йӕ тугӕй не ссыгъдӕг уыдзӕн.
Уӕд та сӕ Аггей бафарста: «Мардыл бандзӕвынӕй чи фӕчъизи ис, ахӕм адӕймаг уыдонӕй истӕуыл куы андзӕва, уӕд хӕринаг фӕчъизи уыдзӕн?» Сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «О, фӕчъизи уыдзӕн».