8 Адонӕн мадӕр сӕ фыд хӕрут, мадӕр сын сӕ мардыл ӕндзӕвут; ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн.
Цӕугӕут, цӕугӕут! Рацӕут уырдыгӕй! Уӕхи хизут, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл бандзӕвынӕй! Ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ мигӕнӕнтӕ сымах хӕсдзыстут!
Уыдон Дунедарӕджы зӕххыл нал цӕрдзысты. Ефрем раздӕхдзӕни Мысырмӕ, ӕмӕ Ассирийы чъизи хойраг хӕрдзысты.
Ма хӕрут хуыйы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сӕфтӕгджынтӕй у, стӕй саджилсӕфтӕг, уӕддӕр сынӕр нӕ цӕгъды, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн.
Мӕнӕ уын, доны цӕрӕгойтӕй хӕрын кӕй фыд ӕмбӕлы, уыдон. Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл ис, уыцы доны цӕрӕгойты, денджызтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕтты чи цӕры, уыдоны фыд хӕрут.
Нӕ йӕ бафиппайдта, афтӕмӕй, ӕнӕсыгъдӕг цы у, ахӕмӕй истӕмӕ февнӕлдта, чъизи сырд, фос кӕнӕ хилӕгойы мардыл андзӕвыд — фӕчъизи ӕмӕ фӕазымджын уыдзӕн.
Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ, дзыхӕй цы рацӕуы, уый».
Ӕппӕт адӕттӕ адӕймаджы фӕчъизи кӕнынц, ӕнӕхсад къухтӕй хӕрын та йӕ нӕ чъизи кӕны».
Адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ ӕддейӕ цы бацӕуы, уый йӕ нӕ фӕчъизи кӕны, фӕлӕ дзы ӕддӕмӕ цы рацӕуы, уый.
Уый сын бауайдзӕф кодта: «Ау, сымах дӕр афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? Ӕви йӕ нӕ зонут, адӕймаджы хуылфмӕ ӕддейӕ цы бафты, уый йӕ кӕй нӕ фӕчъизи кӕны?
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын кӕйдӕрты федтой ӕнӕсыгъдӕг, ома ӕнӕхсад, къухтӕй хӕргӕ.
ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, иудейагӕн кӕй нӕй муртаттагимӕ ӕмбӕлыны кӕнӕ йын йӕ хӕдзармӕ бацӕуыны бар. Фӕлӕ мын Хуыцау раргом кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр ӕлгъаг ӕмӕ чъизийыл куыд нӕ нымайон, афтӕ.
мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ, туг ӕмӕ хӕдмӕл дзидза хӕрынӕй, стӕй хъахбайдзинадӕй хи хизын [ӕмӕ, уӕхицӕн уӕ цы нӕ фӕнды, уый искӕмӕн нӕ кӕнын]. Уыдӕттӕй уӕхи куы хизат, уӕд раст бакӕндзыстут. Хӕрзбон».
Фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ, де ’фсымӕр цӕуыл фӕкӕла, ахӕмӕй дӕр мацы кӕн.
Хойраг мах Хуыцаумӕ нӕ хӕстӕг кӕны: куы нӕ хӕрӕм, уӕд дӕр нӕ ницы сӕфы; куы хӕрӕм, уӕд дӕр ныл ницы ӕфты.
Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ фӕхицӕн ут, — зӕгъы Бардарӕг, — сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.
Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.
Уӕдӕ уын уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд.
Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй исты бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй.
Уыцы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ баст сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты, цалынмӕ хуыздӕр уагӕвӕрд нӕ фӕзынди, уӕдмӕ.