Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 11:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ма хӕрут хуыйы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сӕфтӕгджынтӕй у, стӕй саджилсӕфтӕг, уӕддӕр сынӕр нӕ цӕгъды, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 11:7
11 Iomraidhean Croise  

бадынц зӕппӕдзты ӕмӕ ӕхсӕвиуат кӕнынц лӕгӕтты. Хӕрынц хуыйы фыд, сӕ мигӕнӕнты дарынц ӕлгъаг, нӕфӕтчиаг бас.


«Йӕхи мӕнг хуыцӕуттыл чи фӕдзӕхсы ӕмӕ, ссыгъдӕг уӕм, зӕгъгӕ, иу иннӕйы фӕдыл уыцы хуыцӕуттӕн йӕ кувӕн къохты нывӕндтӕ чи хӕссы, хуытӕ, мыстытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕлгъаг фосы фыд чи хӕры, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.


сӕфтӕгджын цӕрӕгойтӕй саджилсӕфтӕг ӕмӕ сынӕрцӕгъдӕг чи у, уыдоны фыд хӕрут.


ма хӕрут тӕрхъусы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн.


Адонӕн мадӕр сӕ фыд хӕрут, мадӕр сын сӕ мардыл ӕндзӕвут; ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн.


Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.


Уӕд бынӕттон цӕрджытӕй иумӕ ӕххуырсты бацыд, ӕмӕ йӕ уый йӕ быдыртӕм хуытӕ хизынмӕ арвыста.


Дӕлимонтӕ рацыдысты уыцы лӕгӕй ӕмӕ хуыты бахызтызты. Уыйадыл уыдон къардиуӕй цадмӕ сӕхи фехстой ӕмӕ фӕдӕлдон сты.


Хуы дӕр ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн, уымӕн ӕмӕ уый саджилсӕфтӕг у, фӕлӕ сынӕр нӕ цӕгъды. Сӕ фыд дӕр сын ма хӕрут ӕмӕ сын сӕ мардмӕ дӕр ма ӕвналут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan