5 ма хӕрут даманы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн;
Ӕвзонгӕй амӕлынц кувӕндоны хъахбайтау.
Йӕ къӕхтыл ын хъадамантӕ скодтой, йӕ хъуыр ын ӕфсӕйнагӕй ӕрбалвӕстой,
дамантӕ тыхджын не сты, фӕлӕ къӕдзӕхты ’хсӕн сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ саразынц;
сӕфтӕгджын цӕрӕгойтӕй саджилсӕфтӕг ӕмӕ сынӕрцӕгъдӕг чи у, уыдоны фыд хӕрут.
Фӕлӕ сынӕр чи цӕгъды кӕнӕ сӕфтӕг кӕмӕн ис, уыцы цӕрӕгойтӕй ма хӕрут мӕнӕ ахӕмты фыд: теуайы фыд ма хӕрут, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн;
ма хӕрут тӕрхъусы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн.
Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар змисыл чи самадта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн.
Сынӕр чи цӕгъды, уыцы фосӕй уын нӕфӕтчиаг сты теуа, тӕрхъус ӕмӕ даман: уыдон сынӕр цӕгъдынц, фӕлӕ саджилсӕфтӕг не сты.
Ӕдде бакӕсгӕйӕ сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауы тынг нымайынц, химидӕг та Йыл сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.
Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.