Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 11:47 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

47 цӕмӕй адӕм кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕной ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг, стӕй, хӕрын цы цӕрӕгойты фыд ӕмбӕлы, хӕрын кӕй не ’мбӕлы, уыдонӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 11:47
10 Iomraidhean Croise  

Цӕрӕгойтӕн сӕ сыгъдӕджытӕй демӕ райс фӕйнӕ авд къайы, сыгъдӕг чи нӕу, уыдонӕй та — фӕйнӕ иу къайы.


Йӕ сауджынтӕ Мын халынц Ме ’Гъдау, фӕчъизи Мын кӕнынц Мӕ уаз ӕгъдӕуттӕ, уаз цы у, уый нӕ иртасынц, уаз цы нӕу, уымӕй; сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый нӕ амонынц, ӕлгъ кӕнынц Мӕ сабаты уагӕвӕрдтыл, нӕ Мӕ нымайынц.


Мӕ адӕмы-иу ахуыр кӕнӕнт, уаз цы у, уый, уаз цы нӕу, уымӕй хицӕн кӕныныл, стӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг кӕрӕдзийӕ иртасыныл.


Даниил фидарӕй сфӕнд кодта нӕфӕтчиаг хӕринаг ӕмӕ нозтӕй йӕхи нӕ фӕхъӕстӕ кӕнын ӕмӕ лӕггадгӕнджыты хистӕрӕн загъта, ахӕм бар мын ратт, зӕгъгӕ.


Кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнут уаз ӕмӕ хуымӕтӕг, ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг,


Ахӕм у фос, сырдтӕ ӕмӕ мӕргъты тыххӕй ӕгъдау, стӕй хилӕгойтӕ ӕмӕ, доны бын цы цӕрӕгойтӕ цӕры, уыдонӕн се ’ппӕты ӕгъдау дӕр,


Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа:


Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan