46 Ахӕм у фос, сырдтӕ ӕмӕ мӕргъты тыххӕй ӕгъдау, стӕй хилӕгойтӕ ӕмӕ, доны бын цы цӕрӕгойтӕ цӕры, уыдонӕн се ’ппӕты ӕгъдау дӕр,
Хуыцау загъта: «Доны схӕлбурцъ кӕнӕнт алы цӕрӕг удтӕ. Зӕххы сӕрмӕ арвыл атӕхӕнт мӕргътӕ».
Хуыцау сфӕлдыста денджызон стыр ӕбуалгъ цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, доны чи схӕлбурцъ кодта, ӕндӕр ахӕм змӕлӕгойтӕ — алкӕй дӕр йӕ мыггагмӕ гӕсгӕ, ноджы ма сфӕлдыста алымыггаг мӕргътӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.
Мӕнӕ Кувӕндоны сӕйраг ӕгъдау: хохы цъупп ӕмӕ йӕ алыварс тыгъдад иууылдӕр у иууылуаз. Уый у Кувӕндоны сӕйраг ӕгъдау.
уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн ӕмӕ уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау. Уӕдӕ ут сыгъдӕг, Ӕз сыгъдӕг куыд дӕн, афтӕ».
цӕмӕй адӕм кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕной ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг, стӕй, хӕрын цы цӕрӕгойты фыд ӕмбӕлы, хӕрын кӕй не ’мбӕлы, уыдонӕй.
Ахӕм ӕгъдау ис алы хъотыр ӕмӕ гӕбӕрнизӕн,
Уыдон сты, йӕ цъӕй цы нӕлгоймагӕн фӕцӕуы, йӕ мыг йӕхи ’гъдауӕй кӕмӕн акӕлы ӕмӕ уымӕй чи фӕчъизи вӕййы,
Адон сты иууылсудзинаг нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывӕндтӕ, фиддоны нывӕндтӕ, сауджын суӕвыны нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссыны ӕгъдӕуттӕ.