Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 11:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Уыцы цӕрӕгойтӕй искӕцыйы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый ӕнӕсыгъдӕг суыдзӕн. Дзулфыцӕн дурын кӕнӕ къона хъуамӕ хӕлд ӕрцӕуой. Фӕчъизи уыдзысты, ӕнӕсыгъдӕгыл сӕ нымайут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 11:35
8 Iomraidhean Croise  

Къуылдымтыл хизы йӕхицӕн, тихалӕг дӕр дзы нӕ ирвӕзы.


Ахӕм цӕрӕгойы мард исты дурын мигӕнӕны ныххауди, зӕгъгӕ, уӕд, йӕ хуылфы цы уа, уый фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ-иу дурын асӕттут.


Уыцы дурыны цы дон уыди, уый, хӕрын цы не ’мбӕлы, ууыл куы ӕркӕла, уӕд уыцы хӕринаг фӕчъизи уыдзӕн. Ахӕм дурыны цы нуазинаг уа, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн.


Сыгъдӕгӕй баззайдзысты ӕрмӕстдӕр суадон кӕнӕ донуат. Ӕрмӕст, уырдыгӕй цӕрӕгойы мард чи сиса, уый уыдзӕни ӕнӕсыгъдӕг.


Дарӕс, къуымбил кӕнӕ гӕн хъуымацыл, науӕд цыфӕнды сӕрак дзаумайыл ахӕм тӕпп куы уа, уӕд уый тӕссаг хъуына у. Ахӕм дзаума басудзын хъӕуы.


Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый дурын мигӕнӕныл куы бандзӕва, уӕд ӕй асӕттын хъӕуы, хъӕдын дзаума куы уа, уӕд та йӕ хъӕуы ныхсын.


Дзидза цы дурын мигӕнӕны сфыца, уый хъӕудзӕн асӕттын. Кӕд ӕрхуы мигӕнӕны сфыца, уӕд та йӕ хъӕудзӕн ныххафын ӕмӕ донӕй ныхсын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan