Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 11:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Ахӕм цӕрӕгойы мард исты дурын мигӕнӕны ныххауди, зӕгъгӕ, уӕд, йӕ хуылфы цы уа, уый фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ-иу дурын асӕттут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 11:33
11 Iomraidhean Croise  

Моавӕн йӕ алы уӕлхӕдзарӕй, йӕ алы уынгӕй дӕр хъуысы хъарӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз Моавы зӕхх ӕнӕпайда мигӕнӕнау ныззыгуым кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уыцы дурыны цы дон уыди, уый, хӕрын цы не ’мбӕлы, ууыл куы ӕркӕла, уӕд уыцы хӕринаг фӕчъизи уыдзӕн. Ахӕм дурыны цы нуазинаг уа, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн.


Уыцы цӕрӕгойтӕй искӕцыйы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый ӕнӕсыгъдӕг суыдзӕн. Дзулфыцӕн дурын кӕнӕ къона хъуамӕ хӕлд ӕрцӕуой. Фӕчъизи уыдзысты, ӕнӕсыгъдӕгыл сӕ нымайут.


Дарӕс, къуымбил кӕнӕ гӕн хъуымацыл, науӕд цыфӕнды сӕрак дзаумайыл ахӕм тӕпп куы уа, уӕд уый тӕссаг хъуына у. Ахӕм дзаума басудзын хъӕуы.


ӕмӕ йӕ фехалӕнт. Йӕ дуртӕ, йӕ хъӕдӕрмӕг ӕмӕ-иу ын йӕ къулсӕрстытӕ фӕссахармӕ, ӕнӕсыгъдӕг бынатмӕ, ахӕссӕнт.


Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый дурын мигӕнӕныл куы бандзӕва, уӕд ӕй асӕттын хъӕуы, хъӕдын дзаума куы уа, уӕд та йӕ хъӕуы ныхсын.


Уыцы ссадӕй, оливӕйы соимӕ хӕрзызмӕст куыд уа, афтӕмӕй алгъацы лауаситӕ афыцӕнт, асӕстытӕ сӕ кӕнӕнт ӕмӕ сӕ басудзӕнт — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.


Дзидза цы дурын мигӕнӕны сфыца, уый хъӕудзӕн асӕттын. Кӕд ӕрхуы мигӕнӕны сфыца, уӕд та йӕ хъӕудзӕн ныххафын ӕмӕ донӕй ныхсын.


Цыфӕнды мигӕнӕн дӕр гом у, цыфӕнды мигӕнӕнӕн дӕр йӕ сӕр ӕнгом ӕхгӕд нӕу, зӕгъгӕ, уӕд фӕчъизи уыдзӕн.


Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan