Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 11:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Ахӕм цӕрӕгойы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый фӕчъизи уыдзӕн — хъӕдӕй конд уа, хъуымацӕй, цармӕй ӕви кӕттагӕй — цавӕрфӕнды кусӕн дзаума уӕд. Доны йӕ ныхсын хъӕудзӕн. Уыцы дзаума изӕрмӕ баззайдзӕн ӕнӕсыгъдӕгӕй, уый фӕстӕ та ногӕй ссыгъдӕг уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 11:32
12 Iomraidhean Croise  

Ацы хилӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Хӕдзармӕ йе ’хгӕды бонты чи бацӕуа, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый дурын мигӕнӕныл куы бандзӕва, уӕд ӕй асӕттын хъӕуы, хъӕдын дзаума куы уа, уӕд та йӕ хъӕуы ныхсын.


Сауджын мӕргътӕй иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы адӕймаджы йӕ цъӕй цӕуынӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.


Цӕу Азазелмӕ чи аскъӕрдта, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.


Хӕдмӕл фосы кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттоной, уымӕн йӕ фыд чидӕриддӕр бахӕра — израилаг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг — йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, уый фӕстӕ ссыгъдӕг уыдзӕн.


— уыдӕттӕй истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Цалынмӕ йӕхи нӕ цынайа, уӕдмӕ йын кувинӕгтӕй хӕрыны бар нӕй.


Дзидза цы дурын мигӕнӕны сфыца, уый хъӕудзӕн асӕттын. Кӕд ӕрхуы мигӕнӕны сфыца, уӕд та йӕ хъӕудзӕн ныххафын ӕмӕ донӕй ныхсын.


Цыфӕнды мигӕнӕн дӕр гом у, цыфӕнды мигӕнӕнӕн дӕр йӕ сӕр ӕнгом ӕхгӕд нӕу, зӕгъгӕ, уӕд фӕчъизи уыдзӕн.


Уый фӕстӕ сауджын хъуамӕ йӕ дарӕс цӕхса, йӕхи цынайа, ӕмӕ йын уӕд рӕсӕнуатмӕ аздӕхӕн ис, фӕлӕ чъизийыл нымад уыдзӕн изӕрмӕ.


Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.


уӕд нӕ фервӕзын кодта, хорз хъуыддӕгтӕ нӕм цыма уыди, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ — ӕхсад ӕрцыдыстӕм ног царддӕттӕг донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы систӕм ног адӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan