27 Цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕй дзӕмбытӕ кӕуыл ис, уыдон иууылдӕр ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Базырджын уырынгонтӕ ӕмӕ цыппӕркъахыгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕлгъаг сты сымахӕн.
Алы ӕндӕр базырджын цыппӕркъахыг уырынгон та ӕлгъаг у сымахӕн.
Сӕфтӕгджын цӕрӕгойтӕй саджилсӕфтӕг чи нӕу кӕнӕ сынӕр чи нӕ цӕгъды, уыдон иууылдӕр ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый фӕчъизи уыдзӕн.
Ахӕм цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ахӕм цӕрӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн.
Хӕдзармӕ йе ’хгӕды бонты чи бацӕуа, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Сауджын мӕргътӕй иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы адӕймаджы йӕ цъӕй цӕуынӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.
Цӕу Азазелмӕ чи аскъӕрдта, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.
Хӕдмӕл фосы кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттоной, уымӕн йӕ фыд чидӕриддӕр бахӕра — израилаг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг — йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, уый фӕстӕ ссыгъдӕг уыдзӕн.
— уыдӕттӕй истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Цалынмӕ йӕхи нӕ цынайа, уӕдмӕ йын кувинӕгтӕй хӕрыны бар нӕй.
Уый фӕстӕ сауджын хъуамӕ йӕ дарӕс цӕхса, йӕхи цынайа, ӕмӕ йын уӕд рӕсӕнуатмӕ аздӕхӕн ис, фӕлӕ чъизийыл нымад уыдзӕн изӕрмӕ.