23 Алы ӕндӕр базырджын цыппӕркъахыг уырынгон та ӕлгъаг у сымахӕн.
Базырджын уырынгонтӕ ӕмӕ цыппӕркъахыгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕлгъаг сты сымахӕн.
Уӕ бон хӕрын у: мӕтыхы алы мыггаг, цыфӕнды даргъсӕрджын мӕтыхты, цъысцъысаджы алы мыггаг ӕмӕ цъырцъыраджы алы мыггаг.
Мӕнӕ, адӕймаг кӕмӕй фӕчъизи вӕййы, уыцы цӕрӕгойтӕ. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕй дзӕмбытӕ кӕуыл ис, уыдон иууылдӕр ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Алы хилӕгой дӕр ӕлгъаг у, йӕ фыд ын нӕй хӕрӕн.
исты ӕнӕсыгъдӕг хилӕгой кӕнӕ ӕнӕсыгъдӕг адӕймагыл чи бандзӕва (цавӕрфӕнды ӕнӕсыгъдӕгдзинад дӕр уӕд),
Уыди дзы алыхуызон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ.