22 Уӕ бон хӕрын у: мӕтыхы алы мыггаг, цыфӕнды даргъсӕрджын мӕтыхты, цъысцъысаджы алы мыггаг ӕмӕ цъырцъыраджы алы мыггаг.
Хъару та бауадзут уӕ лӕмӕгъ ӕмӕ ӕдых цӕнгты, ӕндон фестӕнт уӕ ризгӕ уӕрджытӕ!
Уыцы уырынгонтӕй хӕрут, сӕ къӕхтыл зӕххыл гӕпп кӕнынӕн фӕтасӕнтӕ кӕмӕн ис, уыдоны фыд.
Алы ӕндӕр базырджын цыппӕркъахыг уырынгон та ӕлгъаг у сымахӕн.
Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон; хъӕддаг бындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хӕринаг.
Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон, хъӕддаг мыдыбындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хойраг.
Йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, ууыл уӕхи ма тигъ кӕнут, ӕмӕ уӕм иу хъуыды кӕй нӕй, уый тыххӕй йемӕ быцӕуыл ма ныллӕуут.
Мах, йӕ уырнындзинад тыхджын кӕмӕн у, уыдон хъуамӕ ӕрмӕст нӕхи кой ма кӕнӕм, фӕлӕ ӕнӕбонтӕн ӕххуыс кӕнӕм сӕ лӕмӕгъдзинӕдты уаргъ хӕссын.
Уый тыххӕй ма ноджы фылдӕр радзуриккам, фӕлӕ йӕ сымахӕн бамбарын кӕнын зын у, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут.