Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 11:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Мӕргътӕй та ӕлгъ кӕнут мӕнӕ адоныл (хӕрӕн сӕ нӕй, ӕлгъаг сты): цӕргӕс, саубоцъо цӕргӕс, сау гриф,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 11:13
18 Iomraidhean Croise  

Тугдзых маргъ сӕм фӕндаг нӕ зоны, уарийы цӕст сыл никуы ӕрхӕцыд.


Сынтӕн чи ’рцӕттӕ кӕны холлаг, стонгӕй йӕ лӕппынтӕ сӕхи раппар-баппар куы фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ фыр тыхстӕй Хуыцаумӕ куы фӕхъӕр кӕнынц, уӕд?


Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!


«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕргӕс йӕ амӕттагыл йӕхи ныццӕвдзӕн, Моавы сӕрмӕ айтындздзӕн йӕ базыртӕ.


Цӕргӕсӕй тагъддӕр нӕ куы суры знаг, нӕ фӕдыл хӕхты, тыгъд быдырты зилы.


Сыкъауадындзӕй ныууас! Хъӕрццыгъайау йӕхи ныццӕвдзӕн знаг Дунедарӕджы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фидыды сӕрты ахызтысты, Ме ’Гъдауы ныхмӕ сыстадысты.


Ӕлгъагыл сӕ нымайут, сӕ фыд сын ма хӕрут. Сӕ мӕрдтыл сын ӕлгъ кӕнут.


Доны цӕрӕгойтӕй ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдон иууылдӕр ӕлгъаг сты сымахӕн.


цъиусур, уарийы алы мыггаг,


Сӕ бӕхтӕ — фыранчытӕй рогдӕр, ӕхсӕвы бирӕгътӕй хъӕхъхъагдӕр. Сӕ барджытӕ дугъӕй уайынц, дардӕй ӕрбатӕхынц, цыма цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ тӕхы, уыйау.


Ӕз хӕрдмӕ скастӕн ӕмӕ федтон: кӕцӕйдӕр фӕзындысты дыууӕ базырджын сылгоймаджы. Сӕ базырты мидӕг уыди дымгӕ, сӕ базыртӕ — кӕсагласы базыртау. Мигӕнӕн фелвӕстой ӕмӕ йӕ уӕртӕ арв ӕмӕ зӕххы астӕу фӕхӕссынц.


Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты хӕдмӕлхор мӕргътӕ дӕр.


Мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕмбаргӕ, хивӕнд, дзӕгъӕл адӕм, чъизи мондӕгтӕ ӕмӕ алы ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг, цъаммар, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan