11 Ӕлгъагыл сӕ нымайут, сӕ фыд сын ма хӕрут. Сӕ мӕрдтыл сын ӕлгъ кӕнут.
Цӕрӕгойтӕн сӕ сыгъдӕджытӕй демӕ райс фӕйнӕ авд къайы, сыгъдӕг чи нӕу, уыдонӕй та — фӕйнӕ иу къайы.
Уӕларвон мӕргътӕй дӕр райс фӕйнӕ авд къайы. Уадз ӕмӕ зӕххыл баззайа сӕ мыггаг.
Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыцы цӕрӕгойтӕ та, стырӕй, чысылӕй — денджызты ӕви цӕугӕдӕтты цӕрой — ӕлгъаг сты сымахӕн.
Доны цӕрӕгойтӕй ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдон иууылдӕр ӕлгъаг сты сымахӕн.
Мӕргътӕй та ӕлгъ кӕнут мӕнӕ адоныл (хӕрӕн сӕ нӕй, ӕлгъаг сты): цӕргӕс, саубоцъо цӕргӕс, сау гриф,
Нӕ йӕ бафиппайдта, афтӕмӕй, ӕнӕсыгъдӕг цы у, ахӕмӕй истӕмӕ февнӕлдта, чъизи сырд, фос кӕнӕ хилӕгойы мардыл андзӕвыд — фӕчъизи ӕмӕ фӕазымджын уыдзӕн.
Цы цӕрӕгойты фыд дын ӕмбӕлы хӕрын, уыдон сты: стур, фыс, сӕгъ,