10 Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыцы цӕрӕгойтӕ та, стырӕй, чысылӕй — денджызты ӕви цӕугӕдӕтты цӕрой — ӕлгъаг сты сымахӕн.
Хуыцау загъта: «Доны схӕлбурцъ кӕнӕнт алы цӕрӕг удтӕ. Зӕххы сӕрмӕ арвыл атӕхӕнт мӕргътӕ».
Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.
Рӕстгӕнджытӕн ӕнӕхуыцӕуттӕ ’лгъаг сты, ӕнӕхуыцӕуттӕн та — цӕсгомджын адӕм.
Ӕлгъагыл сӕ нымайут, сӕ фыд сын ма хӕрут. Сӕ мӕрдтыл сын ӕлгъ кӕнут.
Мӕнӕ уын, доны цӕрӕгойтӕй хӕрын кӕй фыд ӕмбӕлы, уыдон. Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл ис, уыцы доны цӕрӕгойты, денджызтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕтты чи цӕры, уыдоны фыд хӕрут.
Ӕртыккаг бон ма фидыды нывондӕй чи бахӕра, уымӕн йӕ нывонд Хуыцауӕн ӕхцон нӕ уыдзӕн, нӕ йын ӕй айсдзӕн. Уыцы дзидза ӕлгъаг у, ӕмӕ дзы чи бахӕра, уый йӕ тӕригъӕдӕн дзуапп ратдзӕн.
Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдоны фыд та сыгъдӕг нӕу ӕмӕ нӕфӕтчиаг у сымахӕн.
Ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй мацы хӕр.
Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».