1-2 Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъой: «Мӕнӕ, зӕххон цӕрӕгойтӕй уын хӕрын кӕй фыд ӕмбӕлы, уыдон:
Цӕрӕгойтӕн сӕ сыгъдӕджытӕй демӕ райс фӕйнӕ авд къайы, сыгъдӕг чи нӕу, уыдонӕй та — фӕйнӕ иу къайы.
Ной Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый фӕстӕ райста алы сыгъдӕг фосӕй ӕмӕ алы сыгъдӕг мӕргътӕй ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ.
Цӕрӕгойы мыггагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон уын дӕттын хӕрынӕн, айразмӕ уын алы зайӕгхал куыд радтон, афтӕ.
Моисей уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд сразы ис.
Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн бафӕдзӕхста,
Сыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргъты хицӕн кӕнут ӕнӕсыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕй. Ӕнӕсыгъдӕгыл нымайын уын кӕй бафӕдзӕхстон, уыдонӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут: нӕдӕр цӕрӕгойтӕй, нӕдӕр мӕргътӕй, нӕдӕр хилӕгойтӕй.
Фӕлӕ Петр загъта: «Уый нӕ уыдзӕн, Бардарӕг! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ӕз ахӕмӕй никуы ницы бахордтон».
Цы цӕрӕгойты фыд дын ӕмбӕлы хӕрын, уыдон сты: стур, фыс, сӕгъ,
Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт. Уӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнын хорз у, хӕрын цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уыцы уагӕвӕрдтӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхӕй. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн дӕр ницы пайда ӕрхастой.