Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 10:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Моисей загъта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Итамарӕн: «Уӕ сӕрыхъуынтӕ ма райхалут ӕмӕ уӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм ма арӕдувут, цӕмӕй ма амӕлат ӕмӕ Дунедарӕг ӕппӕт адӕммӕ дӕр ма смӕсты уа. Фӕлӕ уе ’рвадӕлтӕ, ӕппӕт Израил, кӕуӕнт, Дунедарӕг кӕй басыгъта, уыдоныл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 10:6
23 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы маст та ссыгъди израилӕгтӕм ӕмӕ сын Давиды сӕ ныхмӕ сардыдта. Загъта йын: «Цу ӕмӕ банымай Израил ӕмӕ Иудӕйы».


Авишуагъ, Пинхас ӕмӕ Елеазары байзӕддаг, алчер Аароны фырт —


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Израилӕгтӕн фехъусын кӕн, сымах, зӕгъ, хиваст адӕм стут, ӕмӕ уемӕ куы рараст уон, уӕд уӕ цӕсты фӕныкъуылдмӕ ныццӕгъддзынӕн. Уӕ фӕлындӕнтӕ уал рафтаут, Ӕз та ахъуыды кӕндзынӕн, цы уын бакӕнон, ууыл».


Аарон ракуырдта Аминадавы чызг Елишевайы, Нахшоны хойы. Уый йын ныййардта Надавы, Авигуйы, Елеазары ӕмӕ Итамары.


Дӕ дадалитӕ акъуыр ӕмӕ сӕ фехс! Къуыбыртыл хъарӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ацы фӕлтӕрӕй, чи Йӕ смӕсты кодта, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта!


Хъотырӕй рынчын чи у, уый дарӕд скъуыдтӕ дарӕс, йӕ сӕрыхъуынтӕ йе уӕхсчытыл ӕркалӕд, йӕ зачъе та истӕмӕй бамбӕрзӕд ӕмӕ хъӕр кӕнӕд: „Ӕнӕсыгъдӕг дӕн! Ӕнӕсыгъдӕг дӕн!“


Дӕ сӕрыхъуынтӕ адас, ныхъхъарӕг кӕн дӕ уарзон хъӕбултыл! Хӕдмӕлхорау ныггӕмӕх кӕн дӕ сӕр, уымӕн ӕмӕ дын дӕ сабиты уацары акодтой!


Левиттӕ та хъуамӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрбынат кӕной, цӕмӕй Хуыцауы азар ма баййафа Израилы дзыллӕйы: Фембӕлды Цатыр левитты бӕрны ис».


Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт, иннӕ сгарджытимӕ бӕстӕуынӕг чи уыд, уыдон сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм


Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?»


Уаз Цӕрӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны куыст уӕхимӕ хауы, науӕд та Дунедарӕджы азар ногӕй баййафдзӕн израилӕгты.


Аарон ӕмӕ йӕ фырт Елеазары Оры хохмӕ скӕн.


Ӕрлӕууын кӕнӕд сылгоймаджы Дунедарӕджы раз, йӕ сӕрыхъуынтӕ йын йе уӕхсчытыл ӕркалӕд ӕмӕ йын йӕ къухтӕм раттӕд уыцы хойраджы хуын — багӕды кӕныны хуын, ӕнӕууӕнчы хуын. Сауджыны къухты — маст дон, ӕлгъыст дон,


Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕй, нӕ сӕ зонын, зӕгъгӕ, чи дзуры, йе ’фсымӕры чи нӕ нымайы, йӕ цоты чи нӕ хъуыды кӕны, уыдонӕн Дӕ дзырд сӕйрагдӕр у, Дӕ Фидыдӕй сын зынаргъдӕр ницы ис.


Сымах сыстырзӕрдӕ стут Дунедарӕгыл! Абон сыстадыстут Дунедарӕджы ныхмӕ, райсом та Дунедарӕджы фыдӕх баййафдзӕн Израилы ӕппӕт адӕмы.


Зарахы фырт Ахан, ӕлгъыстаг цы уыд, уымӕ куы фӕныхылдта, уӕд иунӕгӕй нӕ сарӕзта йӕ фыдракӕнд? Фӕлӕ иунӕг йӕхӕдӕг нӕ амарди йӕ тӕригъӕды аххосӕй. Хуыцауы фыдӕх баййӕфта Израилы ӕппӕт адӕмы дӕр».


Фӕлӕ израилӕгтӕ, ӕлгъыстаг дзауматы тыххӕй цы бафӕдзӕхстӕуыд, уый нӕ сӕххӕст кодтой. Зарахы байзӕддаг, Завдийы фырты фырт, Кармийы фырт Ахан, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, рахаста, ӕлгъыстаг цы уыд, уыдонӕй, ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд израилӕгтӕм.


Израилӕгтӕ тӕригъӕды бацыдысты, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой. Ӕлгъыстаг цы у, уымӕй райстой, басусӕг ӕй кодтой ӕмӕ йӕ сӕ дзаумӕтты ’хсӕн бамбӕхстой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan