2 Уӕд Дунедарӕджы цурӕй рацыди арт ӕмӕ сӕ басыгъта — Дунедарӕджы раз бабын сты сӕ дыууӕ дӕр.
Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ тӕккӕ уыцы ран ӕрцавта; Узза мардӕй ӕрхауди Хуыцауы Фидыды Чырыны раз.
ӕмӕ лӕг араст ӕмӕ фӕндагыл ссардта марды, йӕ цуры лӕууыдысты хӕрӕг ӕмӕ домбай. Домбай марды дӕр нӕ бахордта, хӕрӕджы дӕр нӕ аргӕвста.
Уыйадыл Дунедарӕг арвӕй ӕркалдта арт, ӕмӕ уыцы арт бахордта канд иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ сугтӕ нӕ, фӕлӕ дуртӕ дӕр, нывондхӕссӕны алыварс сыджыт дӕр ӕмӕ, къахты цы дон уыди, уый дӕр.
Илийа йын дзуапп радта: «Кӕд ӕз Хуыцауы минӕвар дӕн, уӕд арвӕй арт рацӕуӕд ӕмӕ дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай хӕстоны дӕр бавзалы кӕнӕд!» Ӕмӕ арвӕй арт рацыди ӕмӕ йын бавзалы кодта йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фӕндзай хӕстоны дӕр.
Илийа йын дзуапп радта: «Кӕд ӕз Хуыцауы минӕвар дӕн, уӕд арвӕй арт ӕрцӕуӕд ӕмӕ дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай хӕстоны дӕр бавзалы кӕнӕд!» Уыйадыл арвӕй арт ӕрцыди ӕмӕ бавзалы кодта фӕндзайыхицауы дӕр ӕмӕ йӕ фӕндзай хӕстоны дӕр.
Фидыды Чырынмӕ къухӕй кӕй февнӕлдта, уый тыххӕй Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ ӕрцавта. Узза уыцы ран, Хуыцауы раз, мардӕй ӕрхауди.
Амӕй размӕ Фидыды Чырын хӕсджытӕ сымахӕй кӕй нӕ уыдысты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕнувыд ыл кӕй нӕ уыдыстӕм, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау».
Надав ӕмӕ Авигу сӕ фыдӕй раздӕр амардысты, фырттӕ дӕр сын нӕ рацыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ ныр сауджыны куыст кодтой Елеазар ӕмӕ Итамар.
Уый йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Арвӕй Хуыцауы зынг ӕрхауд, фысвос ӕмӕ ӕххуырстыты саусыгъд бакодта. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау, Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, ссыгъдӕг мӕ кӕн тӕригъӕдтӕй Де стыр уарзты хатырӕй.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Демӕ ракӕн Аарон, Надав ӕмӕ Авигуйы ӕмӕ Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Дардӕй-иу Мӕм бакувут.
Рагӕй цӕттӕ у, паддзах кӕм басудздзӕн, уыцы бынат; арф ӕмӕ уӕрӕх у уый, бирӕ цӕхӕр, бирӕ суг ис йӕ мидӕг. Дунедарӕджы раулӕфтӕй ныггуыпп кӕндзӕни, цыма йыл сондон ӕркалдӕуыд, уыйау.
Уыдон сын сӕ дарӕстыл ныххӕцыдысты ӕмӕ сӕ рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рахастой, Моисей сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Аароны дыууӕ фырты Дунедарӕджы размӕ куы бацыдысты ӕмӕ куы амардысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Моисеимӕ ныхас кодта.
Дунедарӕджы цурӕй арт рацыди ӕмӕ басыгъта, нывондхӕссӕныл цы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фиутӕ уыди, уыдон. Уый фенгӕйӕ, адӕм се ’ппӕт дӕр цины хъӕр ныккодтой ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.
уыцы лӕгтӕ — бӕстӕйыл цъыфкалӕн чи кодта, уыдон се ’ппӕт дӕр — рынӕй фӕцагъды сты. Дунедарӕг сыл Йӕ бӕллӕх сӕвӕрдта.
Арт рацыди Дунедарӕгӕй ӕмӕ, будсудзӕнты буд чи ӕрбахаста, уыцы дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы бавзалы кодта.
Корахимӕ чи бацарӕфтыд, уыдоны нӕ нымайгӕйӕ, рын ахаста цыппӕрдӕс мин авдсӕдӕ адӕймаджы.
Надав ӕмӕ Авигу амардысты, нӕфӕтчиаг зынг Дунедарӕджы размӕ куы бахастой, уӕд.
Сапфирӕ ӕваст ӕрхауд Петры къӕхты бынмӕ ӕмӕ йӕ уд систа. Лӕппутӕ куы бацыдысты, уӕд ӕй баййӕфтой мардӕй, рахастой йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ мойы фарсмӕ.
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Ананиа дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ ис зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны стыр тас бацыди.
Сӕ хабӕрттӕ махӕн зонды хос сты, ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй махӕн, рӕстӕджы кӕрон цӕрджытӕн, рагфӕдзӕхст суой.
Дунедарӕг ныццагъта Бет-Шемешы адӕмы, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны хуылфмӕ кӕй ныккастысты, уый тыххӕй: сӕ адӕмӕй сын амардта дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы. Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг бирӕты ӕрцавта.