Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 10:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 «Тӕригъӕды нывонды фыд уаз бынаты цӕуылнӕ бахордтат? Иууылсыгъдӕг у уый, ӕмӕ уын лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй Дунедарӕджы раз адӕмы тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнат, ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ азым сисат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 10:17
15 Iomraidhean Croise  

Аароны ныхыл. Аарон дзуапп дӕтты, израилӕгтӕ, сӕ уаз хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ, цы рӕдыдтытӕ ӕруадзынц, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй, ӕмӕ сын-иу Дунедарӕг цӕмӕй сӕ куывд айса, уый тыххӕй уыцы сыгъзӕрин уадздзаг ӕдзухдӕр хъуамӕ Аароны ныхыл уа.


Уыцы хӕлӕфтӕ уӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл, Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ, Уаз Цӕрӕны уаз куыст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕнмӕ куы баввахс вӕййынц, уӕд, цӕмӕй азымджын ма фӕуой ӕмӕ ма амӕлой. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн.


Цӕу израилӕгты фыдракӕндтӕ иууылдӕр ахӕсдзӕн ӕдзӕрӕг ранмӕ. Уым-иу ӕй ауадзӕд.


Йӕ Хуыцауы номыл хаст хойрагӕй, иууылуаз ӕмӕ йын уаз хуынтӕй хӕрыны бар ис.


Ма дзы хӕрӕнт, ма бацӕуӕнт тӕригъӕды, науӕд сӕ азым фидинаг фӕуыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый».


Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг, стӕй дӕ хӕдзарвӕндаг иууылдӕр, дзуапп дӕтдзыстут, Уаз Цӕрӕн куы фӕчъизи уа, уӕд. Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг дзуапп дӕтдзыстут, уӕ сауджынлӕггад куы фӕчъизи уа, уӕд.


Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.


Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan