Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 10:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Хӕрдмӕисгӕ кӕразимаг ӕмӕ хуыны сгуы та бахӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгты фидыды нывӕндтӕй дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты хай сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 10:14
10 Iomraidhean Croise  

Хъуамӕ сӕхӕдӕг бахӕрой, ссыгъдӕг кӕнын, сауджын скӕнын ӕмӕ срухс кӕныны тыххӕй сын цы нывӕндтӕ ӕрхастӕуыди, уыдон. Ӕддагон дзы ма саходӕд — уаз у.


Кӕимӕ уыдтӕн, уыцы лӕг мын загъта: «Фӕзы цур цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм чи кӕсы, уыцы агъуыстытӕ сты уаз, Кувӕндоны мидӕг, Дунедарӕгӕн чи кусы, уыцы сауджынтӕн лӕвӕрд сты. Ам фӕхӕрынц, нывӕндтӕй сӕм цы хӕйттӕ хауы, уыдон. Ам ӕрӕвӕрынц иууылсыгъдӕг мысайнӕгтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывонд ӕмӕ фиддоны нывонд, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у.


Бахӕрут сӕ уаз бынаты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй уыдон сты дӕу ӕмӕ дӕ фыртты хай. Афтӕ мын бафӕдзӕхстӕуыд.


Фӕлӕ идӕдзӕй куы баззайа кӕнӕ йӕ лӕгӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ, цот ын нӕ рацыди, афтӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ цӕгатмӕ куы раздӕха, уӕд ын йӕ фыды хойрагӕй хӕрыны бар уыдзӕн. Ӕддагӕттӕй дзы мачи фӕхъӕстӕ уӕд.


кӕразимӕгтӕ ӕмӕ рахиз сгуы та хӕрдмӕ систа Дунедарӕджы раз, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Дӕу уыдзысты, израилӕгтӕй цыдӕриддӕр хуынтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ цӕуы, уыдон. Мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй сӕ Ӕз хай кӕнын дӕуӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕн: дӕ бинонтӕй дзы алы сыгъдӕгӕн дӕр хӕрыны бар ис.


Израилӕгты мысайнӕгтӕ, сӕ уаз лӕвӕрттӕ, иууылдӕр сауджынты сты.


Йесо сын загъта: «Мӕ хойраг у Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Йын Йӕ хъуыддаг кӕронмӕ саразын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan