Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 10:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Бахӕрут сӕ уаз бынаты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй уыдон сты дӕу ӕмӕ дӕ фыртты хай. Афтӕ мын бафӕдзӕхстӕуыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 10:13
7 Iomraidhean Croise  

Кӕимӕ уыдтӕн, уыцы лӕг мын загъта: «Фӕзы цур цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм чи кӕсы, уыцы агъуыстытӕ сты уаз, Кувӕндоны мидӕг, Дунедарӕгӕн чи кусы, уыцы сауджынтӕн лӕвӕрд сты. Ам фӕхӕрынц, нывӕндтӕй сӕм цы хӕйттӕ хауы, уыдон. Ам ӕрӕвӕрынц иууылсыгъдӕг мысайнӕгтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывонд ӕмӕ фиддоны нывонд, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у.


Моисей загъта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Итамарӕн: «Райсут, Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй цы ссад баззади, уый, скӕнут дзы донгонд дзултӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕны цур бахӕрут — уыдон сты иууылсыгъдӕг.


Хӕрдмӕисгӕ кӕразимаг ӕмӕ хуыны сгуы та бахӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгты фидыды нывӕндтӕй дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты хай сты.


Хойраджы хуынӕй ма цы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылуаз, Дунедарӕджы хуынтӕй ист.


Хуынӕй ма цы ссад баззайа, уый та бахӕрӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ. Хӕрын ӕй ӕмбӕлы донгонд дзулты хуызы, уаз бынаты — Фембӕлды Цатыры кӕрты.


Иууылсыгъдӕгау ӕй хӕр; ӕрмӕстдӕр дзы нӕлгоймагӕн ис хӕрыны бар; уазыл дӕм уӕд нымад.


Алы сауджын дӕр, цы уаз лӕвӕрттӕ йӕм ӕрбахӕссынц, уыдон йӕхицӕн ныууадзы: сауджынӕн цы рардӕуы, уый йӕ хай у».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan