Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 10:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнут уаз ӕмӕ хуымӕтӕг, ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 10:10
9 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куы ӕрфӕсмон кӕнай, уӕд дӕ фӕстӕмӕ дӕ къӕхтыл слӕууын кӕндзынӕн, ӕмӕ Мын лӕггад кӕндзынӕ. Дӕ дзӕгъӕлдзырд куы ныууадзай ӕмӕ ахсджиаг ныхӕстӕ куы дзурай, уӕд Ме ’взагау суыдзынӕ. Адӕм дӕ сӕхӕдӕг агурдзысты, фӕлӕ-иу сӕм ды ма раздӕх.


Йӕ сауджынтӕ Мын халынц Ме ’Гъдау, фӕчъизи Мын кӕнынц Мӕ уаз ӕгъдӕуттӕ, уаз цы у, уый нӕ иртасынц, уаз цы нӕу, уымӕй; сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый нӕ амонынц, ӕлгъ кӕнынц Мӕ сабаты уагӕвӕрдтыл, нӕ Мӕ нымайынц.


Мӕ адӕмы-иу ахуыр кӕнӕнт, уаз цы у, уый, уаз цы нӕу, уымӕй хицӕн кӕныныл, стӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг кӕрӕдзийӕ иртасыныл.


цӕмӕй адӕм кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕной ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг, стӕй, хӕрын цы цӕрӕгойты фыд ӕмбӕлы, хӕрын кӕй не ’мбӕлы, уыдонӕй.


Сауджын ӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд цӕгӕрыл сырхбын урс тӕппал ис, хъотырӕй куыд вӕййы, афтӕ,


Сыгъдӕджытӕн ӕппӕт дӕр сыгъдӕг у; чи фӕчъизи ис, уыдонӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн та ӕппӕт дӕр у чъизи, уымӕн ӕмӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ цӕсгом фӕчъизи сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan