Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: Дунедарӕгӕн уӕ йӕ фосӕй нывондӕн чи цы хӕсса, стур уа ӕви лыстӕг фос, уый йӕхи бар у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 1:2
13 Iomraidhean Croise  

Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Каин йӕ зӕххы бӕркадӕй хуын ӕрбахаста Дунедарӕгӕн лӕварӕн,


Каины кувинӕгтӕ та нӕ айста. Ӕмӕ йӕ туг рафыхти Каинӕн, йӕ сӕр ӕруагъта фыр мӕстӕй.


Дунедарӕгӕн Йӕ номы аккаг кад скӕнут, бацӕут Йӕ кӕртытӕм хуынтимӕ. Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ сыгъдӕг кады рухсы!


Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудадзыг хӕссын райдыдтой ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд, хастой нывӕндтӕ алы мӕйноджы дӕр ӕмӕ Дунедарӕджы алы сыгъдӕг бӕрӕгбоны дӕр, уымӕй уӕлдай ма кувджытӕй алчидӕр Дунедарӕджы номыл хаста бархийы нывӕндтӕ.


Сыджытӕй Мын сараз нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй хӕсс иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дӕ зӕрдыл дын Мӕхи кӕмдӕриддӕр ӕрлӕууын кӕнон, уырдӕм-иу дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн.


ӕмӕ Дунедарӕгӕн уе стуртӕ кӕнӕ уӕ фысвосӕй нывӕндтӕ куы хӕссат — иууылсудзинаг нывонд уа ӕви сомыйы нывонд, бархийы нывонд, бӕрӕгбоны фӕдыл ӕви ӕндӕр исты нывонд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн куы судзат,


уӕд ӕрбакӕнӕд уыцы лӕг йӕ усы сауджыны размӕ. Йӕ усы тыххӕй сауджынӕн бахӕссӕд хъӕбӕрхоры ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, ӕрмӕст ыл оливӕйы сой ма ӕркалӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд — уыцы хойраджы хуын ӕнӕууӕнчы, багӕды кӕныны фӕдыл кӕй у, уымӕ гӕсгӕ.


гал, фыр ӕмӕ фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн;


Сымах та дзурут, зӕгъгӕ, йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа: „Мӕнӕй дӕм цы хауы, уый корбан (ома Хуыцауы номыл мысайнаг) у“,


Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.


Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы нӕм алыхуызон курдиӕттӕ ис. Пехуымпарады курдиат кӕмӕ ис — пехуымпариуӕг кӕнӕд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ;


Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan