14 Исчи Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн маргъ куы хӕсса, уӕд равзарӕд ӕхсинӕг кӕнӕ бӕдул бӕлон.
Дунедарӕг ын загъта: «Ӕрбакӕн Мын ӕртӕаздзыд хъуг, ӕртӕаздзыд сӕгъ ӕмӕ ӕртӕаздзыд фыр, стӕй ӕрбахӕсс ӕхсинӕг ӕмӕ бӕдул бӕлон».
Кӕд сылгоймагӕн нывондӕн фыргуист ӕрхӕссын йӕ къух нӕ амона, уӕд райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — иууылсудзинаг нывондӕн, иннӕ та — тӕригъӕды нывондӕн. Сауджын ын йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн».
Дыккаг маргъы та сауджын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссӕд. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.
Кӕд йӕ къух нӕ амона дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны нывондӕн ӕрхӕссын, уӕд тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн нывондӕн ӕрбахӕссӕд хуын — мӕнӕуы ссад, ефӕйы дӕсӕймаг хай. Ӕрмӕст ыл уӕлейӕ оливӕйы сой ма ӕркӕнӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ уый тӕригъӕды нывонд у.
Кӕд йӕ къух нӕ амона нывондӕн фыс ӕрхӕссын, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбахӕссӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн.
Сӕвӕрут уӕ уӕлӕ Ме ’фсондз ӕмӕ сахуыр ут Мӕнау фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвын, ӕмӕ уӕд удӕнцой ссардзыстут.
Йесо Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ — уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй — се ’ппӕты дӕр ратардта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта сӕ фынгтӕ, бӕлонуӕйгӕнджытӕн — сӕ бандӕттӕ.
Уыимӕ, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нывондӕн хъуамӕ ӕрхастаиккой «дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны».
Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.
Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.