11 Аргӕвдӕд ӕй Дунедарӕджы раз, нывондхӕссӕны цӕгатварс, ӕмӕ йын Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ, йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.
Моисей тугӕн йӕ иу ӕмбис ныккодта къусты, йӕ иннӕ ӕмбис та йын бапырх кодта нывондхӕссӕныл.
Фембӕлды Цатыры, цӕгатӕрдыгӕй, мидӕмбӕрзӕны цур, ӕрӕвӕрдта фынг
Ӕмӕ мын уый загъта: «Адӕймаджы фырт! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: мӕнӕ нывондхӕссӕны уагӕвӕрдтӕ, куы йӕ саразой ӕмӕ йыл иууылсудзинӕгтӕ хӕссын ӕмӕ нывӕндты туг пырх кӕнын куы райдайой, уыцы бонмӕ.
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Акӕс-ма цӕгатӕрдӕм». Ӕз акастӕн цӕгатӕрдӕм ӕмӕ нывондхӕссӕны кулдуары цур цӕгатӕрдыгӕй федтон, бацӕуӕны тӕккӕ раз чи лӕууыд, уыцы зӕрдӕхсайды гуымирыйы.
Галы Дунедарӕджы раз аргӕвдӕд, Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг, Фембӕлды Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.
Фыргуисты аргӕвдын хъӕуы Уаз бынаты, тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уыцы ран. Фиддоны нывонд, тӕригъӕды нывондау, сауджыны хай у. Уый у иууылуаз.
Тӕригъӕды нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым аргӕвдӕд.
«Мӕнӕ тӕригъӕды нывонд хӕссыны ӕгъдау: тӕригъӕды нывонд аргӕвдын хъӕуы Дунедарӕджы раз, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым. Ацы нывонд у иууылсыгъдӕг.
Фиддоны нывонд дӕр ӕргӕвдын хъӕуы, иууылсудзинаджы кӕм фергӕвдынц, уым. Йӕ тугӕй йын нывондхӕссӕн алырдыгӕй бапырх кӕнын хъӕуы.
Моисей йӕ аргӕвста ӕмӕ йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта.