6 Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.
Адӕмтӕн дзурут Йӕ кадыл, ӕппӕт адӕмтӕн — Йӕ диссӕгтыл.
Кӕй бон бауыдзӕни Дунедарӕджы хъомыс дзыхы ныхасӕй равдисын? Чи ракӕндзӕни Йе ’ппӕт кады кой?
Хуыцау — нӕ ныфсы мӕсыг, нӕ хъару, тагъд ӕххуысгӕнӕг — алы фыдбылызы.
Рӕстуды ныхӕстӕ бирӕты хъахъхъӕнынц, зондцухты та се ’дылы зонд фесафы.
Сабыр ныхас — царды бӕлас, сайӕн ныхас зӕрдӕйӕн — масты хос.
Куырыхоны ’взаг зонынад тауы, ӕдылытӕм ахӕм зӕрдӕйы уаг нӕй.
Куырыхоны ныхас фарн хӕссы, ӕдылыйы йе ’взаг сафгӕ кӕны.
Ӕрбакӕн-иу Мын сӕ Дунедарӕджы размӕ, ӕмӕ-иу сӕ сауджынтӕ аргӕвдӕнт, ауӕнгтӕ кӕнӕнт, ныккӕнӕнт-иу сыл цӕхх ӕмӕ-иу Мын сӕ ӕрхӕссӕнт иууылсудзинаг нывондӕн.
Дӕ алы хойраджы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа, ӕдзӕххӕй йӕ ма ныууадз, уымӕн ӕмӕ цӕхх нысан кӕны, дӕ Хуыцауы фидыд демӕ мыггагмӕ кӕй ис, уый. Дӕ алы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа.
Сымах зӕххӕн йӕ цӕхх стут. Цӕххы ад куынӕуал уа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.
Цӕхх хорз у, фӕлӕ йӕ тых куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Ӕдзӕхх ма ут ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут».
Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»
Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ, адӕймагӕн йӕ тыхсты чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи фӕфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, — чи сӕ фехъуса, уыдонӕн фарны хос куыд уой, афтӕ.
Дзурут ӕмӕ сӕ дзурут уӕ цотӕн, фӕлхат сӕ кӕнут хӕдзары дӕр ӕмӕ фӕндагыл дӕр, ӕхсӕв ӕрхуысгӕйӕ дӕр ӕмӕ райсомӕй растгӕйӕ дӕр.
Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.
Зӕрдӕбынӕй кад кӕнут Чырыстийӕн — уӕ Бардарӕгӕн. Уӕ ныфсы бындурӕй уӕ чи фӕрса, уымӕн кӕддӕриддӕр цӕттӕ ут ӕвӕлмасӕй ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ дзуапп раттынмӕ.