Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Колоссӕгтӕм 1:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Фарны уац сымах базыдтат нӕ уарзон ӕмкусӕг Эпафрасӕй — уый уӕ сӕраппонд ӕнувыдӕй кусы Чырыстийӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Колоссӕгтӕм 1:7
19 Iomraidhean Croise  

Мӕ цагъар Моисейы хъуыддаг та ӕндӕр у: уый алцӕмӕй дӕр иузӕрдион у Мӕныл Мӕ Хӕдзары.


Уӕд йе ’мбал йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауди ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: „Банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дӕ цы дарын, уый дын ратдзынӕн“.


Чи у уыцы иузӕрдион ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакӕндзӕн ӕмӕ сын афоныл хӕринаг дӕттыны хӕс кӕуыл сӕвӕрдзӕн?


Йӕ хицау ын загъта: „Хорз, ды дзӕбӕх ӕмӕ иузӕрдион цагъар дӕ! Гыццыл хъуыддаджы иузӕрдион уыдтӕ, ӕмӕ дын ӕз стырдӕр хъуыддаг бабар кӕндзынӕн. Рацу мидӕмӕ ӕмӕ цин кӕн дӕ хицауимӕ“.


Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы — Бардарӕгыл ӕнувыд чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ царды куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цардӕвӕрд у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ.


Ӕмӕ ахӕм ӕууӕнкӕй чи фӕхайджын ис, уыдонӕй домдӕуы сӕхи иузӕрдионӕй равдисын.


Ӕнӕцыд чызджыты ӕмӕ ӕнӕус лӕппуты тыххӕй мын Бардарӕг ницы бафӕдзӕхста, фӕлӕ Бардарӕджы хорзӕхӕй хайджын чи у ӕмӕ ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймагау уын уынаффӕ кӕнын.


Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты дзыхмӕ.


Чырыстийы тас уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийы коммӕ кӕсут.


Ӕнӕмӕнг хъуыддагыл ма ноджы мӕхицӕн нымайын, бахъуаджы рӕстӕг мӕм ӕххуысмӕ кӕй ӕрбарвыстат, мӕ уыцы ӕфсымӕр, ӕмкусӕг ӕмӕ ӕмтохгӕнӕг Эпафродиты фӕстӕмӕ арвитын.


Салам уын ӕрвиты уӕхи Эпафрас, Йесо Чырыстийы цагъар. Уый иудадзыг сымах тыххӕй кувы ӕнувыдӕй, цӕмӕй уат ӕнӕфӕцудгӕ, ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндат Хуыцауыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Йӕ коммӕ кӕсат.


Мӕн тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн нӕ уарзон ӕфсымӕр Тихик, Бардарӕгӕн мемӕ чи кусы, мӕ уыцы иузӕрдион ӕххуысгӕнӕг.


Ӕрвитын уӕм ӕй, сымахӕрдыгон чи у, нӕ уыцы иузӕрдион ӕмӕ уарзон ӕфсымӕр Онисимимӕ. Уыдон уын радзурдзысты амы ӕппӕт хабӕрттӕ.


Уыдӕттӕ амон ӕфсымӕртӕн ӕмӕ уыдзынӕ, уырнындзинады ныхасӕй, стӕй, цы арфӕйаг ахуырадыл ныллӕууыдтӕ, уый ныхасӕй рӕз чи схаста, Йесо Чырыстийы уыцы хорз кусӕг.


Ӕмӕ, бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уый ды та фӕхӕццӕ кӕн, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис, иннӕты дӕр сахуыр кӕнынмӕ чи сарӕхсдзӕн, ахӕмтӕм.


Саламтӕ дын ӕрвитынц, Йесо Чырыстийы сӕраппонд мемӕ ахӕстоны чи ис, уыцы Эпафрас,


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Моисей Хуыцауы ӕгас хӕдзарыл куыд ӕнувыд уыд, афтӕ Йесо дӕр ӕнувыд у, Алчерӕй Йӕ Чи сӕвӕрдта, Ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan