12 Ӕмӕ цингӕнгӕйӕ арфӕ кӕнут Фыдӕн — Уый уын Йӕ сыгъдӕджыты бынтӕй хай райсын саккаг кодта Йӕ рухс Паддзахады.
Кувӕндон арӕзт цыди цӕттӕкарст дуртӕй, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ нӕдӕр дзӕбуджы, нӕдӕр сарты, нӕдӕр ӕндӕр исты ӕфсӕн кусӕнгарзы хъӕр хъуыст.
Давид басидт ӕппӕт адӕммӕ дӕр: «Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕм раарфӕ кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ныддӕлгом сты Дунедарӕджы раз ӕмӕ паддзахы раз.
Фыдгӕнджытӕ бабын уыдзысты, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн та зӕхх бауыдзӕни сӕ исбон.
Уӕд ын цӕмӕн ныппырх кодтай йӕ бырутӕ, йӕ цупӕлттӕ йын цӕмӕн тонынц фӕндаггӕттӕ?
Адӕймаджы зӕрдӕ фӕндтӕ кӕны, фӕлӕ алцӕмӕн дӕр дзуапп Дунедарӕгӕй рацӕуы.
Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;
Кад ӕмӕ Дын арфӕ кӕнын, мӕ фыдӕлты Хуыцау! Радтай мын хъару ӕмӕ уӕлзонд! Сӕххӕст нын кодтай нӕ курдиат — паддзахы фын нын раргом кодтай».
Уӕд, Йӕ рахизфарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый.
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.
Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ ацу Ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“».
Фӕлӕ ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувджытӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ кувдзысты Ӕцӕгады Удӕй разӕнгардӕй, уымӕн ӕмӕ Фыд Йӕхицӕн ахӕм кувджыты агуры.
Ныр уӕ фӕдзӕхсын Хуыцауыл ӕмӕ Йӕ хорзӕхыл дзурӕг ныхасыл. Хуыцау уыцы ныхасы фӕрцы сымах скӕндзӕн удвидар ӕмӕ уын ратдзӕн хай ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ.
цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.
Кӕд къалиутӕй иуӕй-иутӕ асастысты, дӕу та, хъӕддаг оливӕ бӕлас, сӕ бынаты бафтыдӕуыд ӕмӕ сой цъирыс бӕласы уидагӕй,
Бафӕндыди сӕ, стӕй сӕ хӕсджын дӕр сты. Уымӕн ӕмӕ, иугӕр муртаттӕгтӕ схайджын сты чырыстон иудейӕгты монон исбонӕй, уӕд сын хъуамӕ уыдон дӕр сӕ зӕххон хъуӕгтӕ баххӕст кӕнынмӕ феххуыс кӕной.
Кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд та, Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Чырыстиимӕ тухӕнтӕ ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ кадӕй дӕр.
Быхста, Йӕ хорзӕхӕй кӕй хъуамӕ схайджын кодтаид ӕмӕ кад райсынмӕ цӕттӕ чи уыд, уыдонӕн, цӕмӕй сын Йе стыр кад равдиса.
уӕддӕр махӕн ис, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста ӕмӕ мах Кӕмӕн цӕрӕм, уыцы иунӕг Фыд Хуыцау ӕмӕ, ӕппӕт дӕр Кӕй руаджы сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ цардӕй Кӕй фӕрцы схайджын стӕм, уыцы иунӕг Бардарӕг Йесо Чырысти.
Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз кӕнын Фарны Уацы сӕраппонд, цӕмӕй йын суон ӕмкусӕг.
Уым диссагӕй ницы ис: сайтан дӕр йӕхи равдисы рухсы зӕдӕй.
Хуыцау нӕ фӕлдисгӕ дӕр уый тыххӕй скодта; ӕмӕ, афтӕ кӕй уыдзӕн, уый равдисынӕн уал нӕ схайджын кодта Йӕ Сыгъдӕг Удӕй.
Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ,
Байгом уын кӕнӕд уӕ зӕрдӕйы цӕстытӕ, цӕмӕй фенат, цы зӕрдӕдарӕнмӕ уӕм басидт, уый цавӕр у, куыд хъӕздыг сты, йӕ сыгъдӕджыты ӕмрӕнхъ уын хай кӕмӕй уыдзӕн, Йӕ уыцы диссаджы бынтӕ,
Уыйадыл мах, иудейӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕгтӕ, иу Уды фӕрцы баиу стӕм ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр Чырыстийы фӕрцы байгом ис фӕндаг Фыдмӕ.
Сусӕгдзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ уыцы бынтӕ муртаттӕгты дӕр сты. Уыдон дӕр — иумӕйаг буары хӕйттӕ, ӕмӕ уыдонмӕ дӕр хауы, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Хуыцау Фарны Уацы зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.
иу у Хуыцау — не ’ппӕты Фыд. Ӕппӕтӕй уӕлдӕр Уый у, алкӕй уылты дӕр ӕмӕ алкӕй мидӕг дӕр архайы.
Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.
Иудадзыг ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй бузныг ут Фыд Хуыцауӕй.
Стӕй уыл фыддзых, дзӕгъӕлдзырд ӕмӕ ӕнӕуаг хъазӕн ныхӕстӕ дӕр нӕ фидауынц, уый бӕсты арфӕ кӕнут Хуыцауӕн.
Сымах кӕддӕр талынджы уыдыстут, ныр та Бардарӕгимӕ рухсы стут. Уӕдӕ цӕрут рухсы хъӕбултау,
Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзиуыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад — Чырыстийы.
Чырыстийы фарн разамынд дӕттӕд уӕ зӕрдӕтӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы фарны сӕраппонд ӕрхуындӕуыд сымах, ӕмӕ систут иу буар. Ӕмӕ уый тыххӕй ут бузныг.
Ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй цыдӕриддӕр аразут, уый уын уӕд Бардарӕг Йесойы номыл ӕмӕ Йӕ фӕрцы арфӕ кӕнут Фыд Хуыцауӕн.
Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.
уӕлӕрвты кӕй нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты, уыцы фыццаггуырд хъӕбулты Аргъуанмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг Хуыцаумӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнаипп чи сси, уыцы рӕстгӕнджыты удтӕм,
Уӕдӕ, Уӕларвӕй кӕмӕ фӕсидтысты, мӕ уыцы сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ, нӕ уырнындзинады Алчер Йесомӕ.
Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийӕн ӕмкусджытӕ стӕм, райдианы нӕм цы уырнындзинад уыди, ууыл фидарӕй кӕронмӕ куы хӕцӕм, уӕд.
Дунедарӕгӕн, нӕ Фыдӕн, цы ӕвзагӕй арфӕ кӕнӕм, уыцы ӕвзагӕй ӕлгъитӕм, Хуыцауы ӕнгӕс кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы адӕмы дӕр.
Фыссын уӕ аргъуаны хистӕртӕм. Ӕз дӕр дӕн аргъуаны хистӕр, Чырыстийы хъизӕмӕрттӕн ӕвдисӕн ӕмӕ, цы кад хъуамӕ раргом уа, уымӕй чи схайджын уыдзӕн, уыдонӕй иу. Курын уӕ:
Мах цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый уын хъусын кӕнӕм, сымахӕн немӕ иудзинад куыд уа, афтӕ. Махӕн та иудзинад Фыдимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ ис.
Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы кад, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон тӕхудиаг сты — уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ кулдуарыл бацӕуыны бар.
Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Бардарӕг Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.