Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Колоссӕгтӕм 1:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 цӕмӕй Йе стыр хъомысы фӕрцы фидар кӕнат, быхсаг ӕмӕ фӕразон суат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Колоссӕгтӕм 1:11
26 Iomraidhean Croise  

О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд, знаджы тасӕй мӕ бахиз;


Дунедарӕг, Дӕ рахиз къухӕн йӕ хъомысы кой айхъуыст. Дӕ рахиз къухӕй, Дунедарӕг, Ды знӕгты ӕрцавтай,


Бӕллӕхы заман кӕд лӕмӕгъ разындтӕ, уӕд хъаруйӕ мӕгуыр дӕ.


Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.


Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».


Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.


иудадзыг хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ афтӕмӕй намыс, кад ӕмӕ ӕнӕмӕлӕтмӕ чи тырны, уыдонӕн — мыггагмӕйы цард;


Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут.


Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты — нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.


Йӕ кады стырадӕй уын тых куыд ратта, Йӕ Уды руаджы уӕ удвидар куыд скӕна,


Кӕддӕриддӕр ут сӕрныллӕг, ӕвӕлмас; уарзгӕйӕ быхсут кӕрӕдзийы хъуагдзинӕдтӕн.


Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.


Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.


зондджынӕй уӕлдай ут хиуылхӕцгӕ, хиуылхӕцонӕй уӕлдай — фӕразон, фӕразонӕй уӕлдай ӕнувыд ут Хуыцауыл.


Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы мах Чи фервӕзын кодта, уыцы иунӕг Хуыцауӕн уӕд кад ӕмӕ стырад, паддзахад ӕмӕ хъомыс — ӕнусты размӕ, ныр ӕмӕ ӕнустӕм! Аммен.


Уӕдӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойыл иузӕрдион чи у, уыцы сыгъдӕджытӕ хъуамӕ уой фӕразон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan