Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Колоссӕгтӕм 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Мах кувӕм, цӕмӕй уӕ цардӕй кад кӕнат Бардарӕгӕн ӕмӕ алцы дӕр, Уымӕн ӕхцон куыд уа, афтӕ кӕныныл архайат, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр пайда куыд хӕсса ӕмӕ Хуыцауы фылдӕрӕй-фылдӕр куыд зонат,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Колоссӕгтӕм 1:10
44 Iomraidhean Croise  

Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзаргӕйӕ, фендзӕни рухс ӕмӕ сцин кӕндзӕн. Дунедарӕг Дзы зӕгъы: «Мӕ тӕрхоны фӕрцы Уый, Рӕстгӕнӕг, Мӕ цагъар, бирӕты сраст кӕндзӕн, сӕккой сын кӕндзӕни сӕ азым.


Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».


Ӕппӕт адӕмтӕ цӕрынц, сӕхи хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, мах та мыггагмӕ кад кӕндзыстӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн.


Денджыз донӕй йемыдзаг куыд у, афтӕ зӕхх дӕр, Дунедарӕг цӕйбӕрц кадджын у, уыцы зонынадӕй байдзаг уыдзӕн.


Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.


Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы уат ӕмӕ бирӕ пайда куы ӕрхӕссат, уӕд уымӕй раргом уыдзӕн Мӕ Фыды кад.


Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.


Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн фӕцӕуынмӕ, фӕлӕ мӕ нырмӕ цыдӕр аххосӕгтӕ кӕй къуылымпы кодтой, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, сымахмӕ дӕр мӕ тауинагӕй ахӕм тыллӕг райсын.


Стӕй сунӕтгӕндтӕй дӕр сӕ фыдӕл сси, йӕ фӕдыл чи цыди ӕмӕ, нӕ фыдӕл Авраам йӕ сунӕты размӕ куыд ӕууӕндыди Хуыцауыл, афтӕ Йыл чи ӕууӕндыди, ӕрмӕст уыдонӕн.


Уӕдӕ аргъауыны рӕстӕг мах амардыстӕм ӕмӕ ныгӕд ӕрцыдыстӕм Йемӕ, цӕмӕй, Чырысти Йӕ Фыды намысджын хъаруйӕ мӕрдтӕй куыд райгас, афтӕ мах дӕр райгас уӕм ӕмӕ цӕрӕм ног цардӕй.


Бузныг Хуыцауӕй — Уый нӕ уӕлахиздзаутау кӕддӕриддӕр хоны Чырыстийы фӕдыл. Чырыстийы уац ӕхцон хӕрздӕфау Хуыцау мах руаджы парахат кӕны алы ран дӕр.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.


Уӕдӕ, буары уӕм ӕви нӕ, не стырдӕр фӕндиаг у Бардарӕджы уарзонӕй цӕрын.


Хуыцауӕн та Йӕ бон у сымах алы хорзӕхӕй дӕр схъӕздыг кӕнын; уӕд уӕм ӕдзух алцыдӕр уыдзӕни, цас уӕ хъӕуы, уый бӕрц, ӕмӕ ма уӕлдайджынтӕй фаг уыдзӕн алы хорз хъуыддагӕн дӕр.


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау, кадджын Фыд, схайджын кӕнӕд уӕлзонды Удӕй сымах, цӕмӕй базонат Хуыцауы.


Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыд, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ.


Уӕдӕ ӕз — Бардарӕджы сӕраппонд ахӕст, курын сымахӕй, цӕмӕй уӕ цард уа, Хуыцау уын цы цардыхӕс снысан кодта, уый аккаг.


цалынмӕ не ’ппӕт дӕр нӕ уырнындзинады ӕмуд не суӕм, Хуыцауы Фырты нӕ базонӕм ӕмӕ Чырыстийау алцӕмӕй дӕр ӕххӕст нӕ уӕм, уӕдмӕ.


Архайут, Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый базоныныл,


Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ: уӕхи дарут ӕнӕзондтау нӕ, фӕлӕ, ӕмбаргӕтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ.


Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.


Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн.


Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы Фарны Уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ фендзынӕн, кӕнӕ уӕм кӕд мӕ бон ӕрбацӕуын не суа, уӕд фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут Фарны Уацы бындурыл амад уырнындзинадыл


Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.


Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕргълӕууӕгыл, фидар нӕ хӕцынц. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти — буар кӕрӕдзиуыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй.


Уӕдӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийыл зӕрдиагӕй куыд баууӕндыдыстут, афтӕ ут Йемӕ ӕмӕ Йын уӕ цард уӕд фӕндон.


Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр ут уӕ ныййарджытӕн коммӕгӕс, уымӕн ӕмӕ уый Бардарӕгӕн фӕндон у.


Ӕнӕуырнджытимӕ уӕхи дарут зондджынӕй, алы фадатӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ.


лӕвӕрдтам уын ныфс, рӕвдыдтам ӕмӕ уӕ ахуыр кодтам, цӕмӕй уӕ цард уа, Йӕ Паддзахадмӕ ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ Чи хоны, уыцы Хуыцауӕн фӕндон.


Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: цӕрын куыд ӕмбӕлы, цӕмӕй уӕ цард Хуыцауы фӕндиаг уа, ууыл махмӕ гӕсгӕ ныр кӕд сахуыр стут, уӕддӕр ноджы архайут.


Никӕцы хӕстон лӕг бацӕудзӕн ӕрвылбоны царды сагъӕсты цъысымы — уый ӕрмӕстдӕр уымӕ тырны, цӕмӕй дзы йе ’фсӕддон хицауы зӕрдӕ райгонд уа.


Сӕ зӕрдыл сын лӕууын кӕн, цӕмӕй коммӕ кӕсой хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр уой цӕттӕ,


Уадз ӕмӕ мах уырнджытӕ дӕр сахуыр уой, ӕххуысы сӕр кӕм хъӕуы, уым ӕнувыдӕй хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл, науӕд сӕ уырнындзинад уыдзӕн ӕнӕпайда.


Енохмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уымӕ гӕсгӕ хаст ӕрцыдис арвмӕ, мӕлӕт нӕ федта, афтӕмӕй. Агуырдтой йӕ ӕмӕ йӕ не ссардтой — Хуыцау ӕй айста Йӕхимӕ. Фӕлӕ йӕ цалынмӕ нӕ айста, уӕдмӕ дзы Хуыцау, куыд адӕймагӕй, афтӕ разы уыди.


Рохуаты ма ныууадзут хорзы цӕуын дӕр, цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын — ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхцон сты.


сымах схайджын кӕнӕд алы хорзӕхӕй дӕр, Йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнат, афтӕ. Уадз ӕмӕ Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы, фӕндон Ын цы у, уый сараза нӕ мидӕг. Чырыстийӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.


Кӕд сымах уыцы миниуджытӕй хайджын стут ӕмӕ уӕм фылдӕр кӕнынц, уӕд уыдоны фӕрцы уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ базондзыстут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы.


Рӕзут нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй хайджынӕй, тырнут, ноджы хуыздӕр Ӕй куыд базонат, уымӕ. Кад Ын уӕд абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр! Аммен.


Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фӕкурӕм, уый Дзы райсӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йын нӕ хъуыддӕгтӕ сты фӕндон.


Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.


Уыдон аргъуанӕн радзырдтой дӕ уарзты тыххӕй. Хуыцауӕн фӕндон куыд у, афтӕ сӕ фӕндагмӕ куы срӕвдз кӕнай, уӕд уымӕй хорз бакӕндзынӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan