8 Цагъайрӕгтӕ нын хицӕуттӕ куы систы, фервӕзын сӕ куынӕуал у нӕ бон!
ӕмӕ загъта: «Ӕлгъыстаг фӕуӕд Ханаан! Йе ’фсымӕрты цагъартӕн — сӕ дӕлдӕр!»
Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»
Мӕ размӕйы облӕсты хицӕуттӕ та адӕмыл уаргъ ӕвӕрдтой: ӕвзисты дыууиссӕдз шекелӕй уӕлӕмӕ ма адӕмӕй домдтой хор ӕмӕ сӕн. Суанг ма сӕ фӕсдзӕуинтӕ дӕр ӕлдариуӕг кодтой адӕмӕн. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын.
Зоныс ӕй, азымджын кӕй нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ Дӕ къухтӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн.
Йе ’намонд цотӕн феххуысгӕнӕг нӕ уыдзӕн, кулдуары раз сӕ исчи куы мара, уӕд дӕр.
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн, ӕмӕ мӕ бахиз, мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ фервӕзын кӕн!
цагъар паддзах куы свӕййы; зондцух хӕринагӕй куы бафсӕды;
Ӕз райдианӕй нырмӕ дӕр гъе уыцы Хуыцау дӕн. Мӕ къухӕй никӕй бон бауыдзӕни байсын. Мӕ фӕнд дӕр никӕй бон у аивын».
Ӕз ын ныр йӕ худинаг йӕ хӕзгулты раз раргом кӕндзынӕн, ӕмӕ Мын ӕй Мӕ къухӕй ничиуал байсдзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ Ӕз ацы зӕххы адӕмӕн нал ныббардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сфыдӕх сӕ кӕндзынӕн кӕрӕдзимӕ, сӕ паддзах дӕр сӕ ныхмӕ суыдзӕни, бӕстӕ ныззыгуым кӕндзысты, фӕлӕ Ӕз никӕй фервӕзын кӕндзынӕн.
Уе ’хсӕн цы ’рцӕуӕггӕгтӕ ис, уыдон уӕ цуры уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр кӕндзысты, сымах та — дӕлдӕрӕй-дӕлдӕр.