8 Уӕ, ныр куы ныссау сты ӕвзалыйау, уӕ, уынгты сӕ куынӕуал ис базонӕн! Куы фестадысты царм ӕмӕ стджытӕ, сӕ царм бӕласы цъарау бахус ис.
Царм ӕмӕ мӕ стджытӕ йеддӕмӕ ницыуал баззад, мӕ уд ӕндахыл хӕцы.
Дардӕй суыдтой Иовы ӕмӕ йӕ нал базыдтой. Уӕд ӕртӕ хӕлары хъӕрӕй ныккуыдтой, сӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывтой, армыдзагӕй сӕ сӕртыл рыг калдтой.
Мӕ царм ныссау ис, алӕбырди мӕ уӕлӕ, ме стджытӕ мӕ буары тӕвдӕй судзынц.
Йӕ буар рафты, царм ӕмӕ стджытӕ фесты.
Арв зӕххӕй цас бӕрзонддӕр у, уыйас ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдонмӕ.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхас ӕцӕг у, Йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — раст.
Ӕнӕсымӕй, ӕгомыгӕй лӕууыдтӕн, суанг, хорз цы у, ууыл дӕр нӕ дзырдтон, ӕмӕ мӕ рыстыл бафтыди.
Бирӕтӕ Йӕм кастысты дисгӕнгӕйӕ: адӕймаджы хуызӕн дӕр нал уыди, Йӕ буар Ын афтӕ ныггуылмызтӕ кодтой.
Цыма нӕ ’фсӕйнаг пецы басыгъдӕуыд, уыйау ӕххормагӕй нӕ царм ныссау ис!
Сӕ уындӕй адӕм фыр тӕссӕй нырриздзысты ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттыл туджы цъыртт нал баззайдзӕн.
Сафтид ис, хӕлӕттаг фӕци, гӕныстонмӕ ’рцыди сахар. Адӕмӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ фегуыппӕг вӕййынц, сӕ уӕрджытӕ сӕхи хойынц кӕрӕдзиуыл, сӕ буӕрттӕн сӕ дыз-дыз цӕуы, сӕ цӕсгӕмттӕ ныффӕлурс сты.
„Уӕ сахары нӕ къӕхтыл цы рыг ӕрбадти, уый дӕр ӕрцагътам ӕмӕ уын ӕй уӕхицӕн уадзӕм. Фӕлӕ зонут, Хуыцауы Паддзахад уӕм кӕй ӕрӕввахс ис, уый“.