Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Хъарӕг 4:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дӕ лӕппутӕ куы уыдысты митӕй сыгъдӕгдӕр, ӕхсырӕй урсдӕр! Сырхварс фӕткъуыйау сырх — сӕ рустӕ, сапфиртау-иу цӕхӕртӕ калдтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Хъарӕг 4:7
15 Iomraidhean Croise  

Офираг зӕринӕй йын саргъгӕнӕн нӕй, зынаргъ дуртӕ сапфир ӕмӕ ониксӕй йӕ нӕ балхӕндзынӕ.


Дзӕнхъа ӕмӕ кораллӕн сӕ кой дӕр ма скӕн, куырыхон зонд лалӕй зындӕр амалгӕнӕн у.


цӕмӕй адӕмӕн раргом уа Дӕ хъомыс, Дӕ паддзахады кад ӕмӕ стырад.


Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.


ӕмӕ федтой Израилы Хуыцауы. Йӕ къӕхты бын уыдис цыдӕр, сапфир-дурӕй астӕрды хуызӕн, арвау сыгъдӕг.


— Мӕ уарзон урсцъар у, сырхуадул, дӕс мин лӕджы ’хсӕн йемӕ абарӕн дӕр никӕй ис!


Йӕ уӕрджытӕ — мраморӕй конд цӕджындзтӕ, сӕ бындуры — сыгъзӕрин бынӕнцайӕнтӕ. Мӕ уарзон у Ливаны хӕхты ’нгӕс, ливайнаг нӕзытау — фыр рӕсугъд!


Дӕс боны фӕстӕ, паддзахы фынгӕй цы лӕппутӕ хордтой, уыдонӕй хӕрзхуыздӕр ӕмӕ ӕнӕниздӕр разындысты.


уымӕн ӕмӕ цытджын уыдзӕни Хуыцауы раз. Нӕдӕр сӕн нуаздзӕн, нӕдӕр ӕндӕр исты карз нозт, Сыгъдӕг Удӕй хайджын уыдзӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ.


Банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕн. Йӕ сӕрыхъуынтӕ макуы алвынӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ уыдзӕни Хуыцауы назир. Уый Израилы филистимӕгтӕй ирвӕзын кӕнын райдайдзӕн».


Уый мын загъта: „Банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕни. Бӕгӕны ӕмӕ сӕн ма бануаз, стӕй, цы хойраг фӕчъизи, уымӕй дӕхи ма фӕхъӕстӕ кӕн. Дӕ фырт йӕ райгуырдӕй йӕ амӕлӕты онг уыдзӕни Хуыцауы назир“».


Ӕмӕ йын уӕд йӕ сусӕгдзинад радзырдта: «Ӕз мӕ сӕрыхъуынтӕ никуы алвыдтон. Мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕз дӕн Хуыцауы назир. Мӕ сӕрыхъуынтӕ куы алвынон, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн».


Йессей йӕм арвыста, ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой. Сырхуадул лӕппу, рӕсугъд цӕстытӕ йын, бакастӕй — зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Байсӕрд ӕй! Уый у».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan