Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Хъарӕг 4:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 О мӕ адӕм! Содом дӕр ахӕм карз ӕфхӕрд нӕ баййӕфта, — уый бабын иу уысммӕ, лӕджы къух ыл нӕ бандзӕвыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Хъарӕг 4:6
14 Iomraidhean Croise  

Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй ӕркалдта судзгӕ сондон


ӕмӕ бабын кодта сахартӕ ӕмӕ ӕгас дӕлвӕз ӕд цӕрджытӕ, зайӕгхал дӕр дзы нал баззади.


Иу у сӕ хъысмӕт се ’ппӕтӕн дӕр: сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн, барджынтӕ ӕмӕ дӕлдӕртӕн, ӕхсинтӕ ӕмӕ унӕуттӕн, уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ ӕлхӕнджытӕн, цъынды чи дӕтты ӕмӕ хӕс чи дары, уыдонӕн, пайдайы охыл ӕфстау дӕтджытӕ ӕмӕ ӕфстау исджытӕн.


Уыцы адӕймаг, Дунедарӕг ӕгъатырӕй цы сахартӕ ныззыгуым кодта, уыдоны хъысмӕт бавзарӕд! Сӕумӕрайсом хъусӕд хъарӕг, ӕмбисбон — тохы хъӕртӕ;


Ӕз уынын: Йерусалимы пехуымпартӕ дӕр ӕлгъаг митӕ кӕнынц: хӕтынц, сӕ хъуыддӕгты рӕстдзинад нӕй. Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы иу дӕр йӕ фыдракӕндтӕ ма ныууадза. Мӕ разы иууылдӕр Содомы хуызӕн систы, Йерусалимы цӕрджытӕ — Гоморрӕ».


Куы нӕ уа быдырты тыллӕг, уӕд карды цӕфӕй амӕлын сыдӕй мардӕй хуыздӕр кӕсы, — сӕ удтӕ, удхаргӕнгӕ, сисынц!


Йӕ мӕнгард миты фӕрцы йӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ размӕ цӕудзысты, ӕмӕ йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн. Мӕнгардӕй бирӕты фесафдзӕн, сыстдзӕн суанг паддзӕхты Паддзахы ныхмӕ, фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр бабын уыдзӕн, ӕмӕ лӕджы къухӕй нӕ амӕлдзӕн.


Нӕ адӕм ӕмӕ нӕ хицӕутты тыххӕй Хуыцау цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта: арвы бын чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕхы хай бакодта Йерусалимы.


Уымӕн ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзысты, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нал ӕрцӕудзӕнис, ахӕм стыр бӕллӕхтӕ.


Зӕгъын уын, Тӕрхоны Бон Содомыл уыцы сахарӕй хуыздӕр бон акӕндзӕн.


Йӕ хицауы фӕндон зындгонд кӕмӕн уыди, афтӕмӕй цӕттӕ чи нӕ разынд ӕмӕ йӕ чи нӕ сӕххӕст кодта, уыцы цагъар баййафдзӕни карз над.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan