Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Хъарӕг 4:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Йӕхи-иу куывдты чи ирхӕфста, уый ныр уынджы аззад, алцӕмӕй — ӕнӕ хай. Зынаргъ дарӕсты чи схъомыл ис, уый дӕр ныр бырӕттыл куы зилы!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Хъарӕг 4:5
17 Iomraidhean Croise  

Кӕут Саулыл, Израилы чызджытӕ! — зынаргъ даритӕй уӕ уый фӕлыста, зӕрин фӕлындӕнтӕ уын уый хаста!


Паддзахы дзагдар загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ мӕ ме ’лдар ӕрмӕст де ’лдармӕ ӕмӕ дӕумӕ рарвыста? Уалӕ сисыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ рарвыста, уымӕн ӕмӕ рӕхджы иумӕ хӕрдзыстут уӕ фаджыс ӕмӕ нуаздзыстут уӕ доныхуыпп».


Сахкъӕвдайы ныддонласт вӕййынц хӕхты, адӕргӕй айнӕджытӕм сӕхи нылхъивынц.


Йӕ бинонтӕн митӕй тас нӕу, се ’ппӕтыл дӕр — дывӕлдах хъуымацӕй дарӕстӕ;


Хъӕрзынц йӕ адӕм, агурынц къӕбӕр. Сӕ хӕзнатӕ хӕринагыл куы ивынц, цӕмӕй мӕлӕтӕй фервӕзой! О Дунедарӕг! Ӕркӕс-ма мын мӕ худинагмӕ!


Лӕппу суанг хуыты хойрагӕй дӕр йӕ гуыбын бафсадыныл разы уыдаид, фӕлӕ йын уый дӕр ничи лӕвӕрдта.


Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта.


Уӕддӕр цы фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? Фырхъӕздыг дарӕсы чи цӕуы ӕмӕ хъал цард чи кӕны, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.


Ирхӕфсӕнтӕ уарзаг идӕдз ус та удӕгасӕй мард у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan